Гуырлдзыстоны абонæй йæ скусдзæни «Цæъх паспорты» уаг.
Æмбæстагмæ «цъæх статус» лæвæрд цæуы, кæд уый æмбæлон у ацы критеритæй сæ иумæ:
- Æххæстæй вакцинацигонд (кæнæ)
- 72 сахатон валидондзинады негативон дзуапп «PCR» тестыл кæмæн ис (кæнæ)
- 24 сахатон валидондзинады антигены цырд тестыл негативон дзуапп кæмæн ис (кæнæ)
- Ковидæй сæнæнизуæвæг;
Пандемийы эффективон фæткдæттыны æмæ бизнес æмæ æмбæстæгтæн сервистæ æнæкуылымпыйæ райст-рæувадат скæныны нысанæн, æнæнизхъахъхъæды министрад бакуыста дыууæ специалон аппликаци – CovidPass Georgia æмæ Georgia e-Health.
CovidPass Georgia аппликацийæ сфæлхас кæнын йæ бон у Гуырдзыстоны территорийыл уæвæг кæцыфæнды уенгæн, куыд Гуырдзыстоны æмбæстагæн, афтæ фæсарæйнаг визиторæн.
Фæнысангонд аппликацийæ спайда кæнын гæнæн ис æндæр æмæ æндæр уагдæттæм бацыды æмæ мадзæлтты хайад райсынæн.
Фæсарæнты вакцинацигонд гоймаг (фæсарæйнаг визитор кæнæ Гуырдзыстоны æмбæстаг), арæныл рахизыны рæстæджы бавдисдзæни вакцинацийы бæлвырдгæнæн æвдисæндар кæнæ «PCR» тесты æппæрццаг дзуапп.
Арæныл рахизыны фæстæ, гоймагæн йæ бон уыдзæн æнцонæй ацæуа регистрацийы аппликацийы CovidPass Georgia æмæ йын уыдзæн фадат æнæкуылымпыйæ бацæуа æмбæлгæ тыгъдадтæм æмæ мадзæлтты райса хайад.
Аппликаци Georgia e-Health-ы фæрцы гæнæн уыдзæн, æхсæнадæмон балц кæнынæн æмæ уый ифтонг кæндзæн æнæкуылымпыйæ бацыд Евроцæдисы цифрон ковид-сертификаты системæйы баст 51 бæстæмæ.
«Цæъх паспорт» кæмæн ис уыцы æмбæстæгтæн сæ бон бацæуын уыдзæн ахæм уагдæттæм: фысымуаттæ æмæ рæстæгмæ цæрæн æндæр объектты, хæрæндæтты (ретсорантæ, кафетæ, барты æддæ æмæ мид тыгъдадтæ, сæ нымæцы базарадон центрты уæвæг), кинотеатртæ, театртæ, концертон залтæ, оперæ, ивхæрсæн объекттæ, казинотæ æмæ хъазæн залтæ, спа-центртæ æмæ фитнесзалтæ, зымæгон курортты рæтæн-фæндæгтæ.
Уыимæ координацион советы абоны уынаффæйæ, абонæй ресторантæн куыстыл сахатгай арæнæвæрд аивдзысты, кинотеатрты, театрты æмæ операйы кæсджыты бауадзинаг нымæц 30-æй 50%-ы онг фылдæр кæны.
æМониторинг, равзаргæ принципæй æххæт кæндзæн, æнæнизхъахъхъæды министрады фæллойады инспекцийы куыст, МХМ-ы æмæ æфтиæгты куысты æмбæлгæ департаменттæ, бынæттон муниципалитеттæ, хæлцады националон агентад. Объектмæ цъæх статус кæмæ нæй ахæм гоймагы бауадзыныл бæрн æвæрд цæуы объектыл. Фæтксæттыны цауы, санкци уыдзæн юридикъон уæнгæн 10 000 лари, индамалиуæгдарæн -2000 лари (фæлхатгæ цауы оъект æрыхгæндзысты).
Цæмæй цифрон ковид-сертификатæй пайда кæна, æмбæстагæн бахъæудзæн – iPhone – apps.apple.com æмæ Android – play.google.com рафыссын аппликаци Georgia e-Health æмæ йæхи регистрацийы ауадзын.
Электронон QR къоды активацийы цауы, материалон ковид-картæ сисын нал бахъæудзæн. Уыимæ, æрмæст уыцы цауы, кæд æмæ æмбæстагæн исты æфсонæй нæу йæ бон цифрон ковид-сертификатæн хæъугæ аппликаци рафыссын, уый хъуамæ баздæха юстицийы хæдзармæ.
Фылдæр инфораци райсынæн скуыста тæвд хаххы номыртæ – 1505, 144,1522 афтæма веб-фарс – – www.provax.ge .
Деталон информаци райсын гæнæн ис ам.