Гуырдзыстоны 15-æм ноябры æнæкъæвда боныгъæд баззайдзæн, 16-17-æм ноябры æнхъæлмæкæсинаг у къæвда æмæ дымгæ, 18-æм ноябры та ногæй æнхъæлмæкæсинаг у æнæкъæвда боныгъæд
Гуырдзыстоны 15-æм ноябры æнæкъæвда боныгъæд баззайдзæн, 16-17-æм ноябры æнхъæлмæкæсинаг у къæвда æмæ дымгæ, 18-æм ноябры та ногæй æнхъæлмæкæсинаг у æнæкъæвда боныгъæд

Алфæмблайы националон агентад 15-18 ноябры Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци публикаци кæны.

Синоптикты информацимæ гæсгæ, 15-æм ноябры Гуырдзыстоны æнæкъæвда боныгъæд бахъахъхъæд уыдзæн, къæвда æмæ дымгæджын боныгъæд та 16-17-æм ноябры у æнхъæлмæкæсинаг. 18-æм ноябры та боныгъæд ногæй уыдзæн æнæкъæвда.

Тбилисы 15 æмæ 18 ноябры боныгъæд уыдзæн æнæкъæвда, 16-17 ноябры та къæвда æмæ дымгæ у æнхъæлмæкæсинаг. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +13, +15 градусы.

Денджызы былгæрæтты (Батумы, Кобулеты, Анаклиайы, Поты) 15 æмæ 18 ноябры боныгъæд уыдзæн хъарм æмæ æнæкъæвда. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +19, +21 градусы, 16-17 ноябры та абаргæйæ уыдзæн уазал, къæвда æмæ дымгæ фæтыхджындæр уыдзæн.

Ныгуылæн Гуырдзыстоны быдырон районты (Зестафоны, Кутаисы, Самтредиайы, Зугдиды, Мартвилы, Озургеты) 15 æмæ 18 ноябры боныгъæд уыдзæн хъарм æмæ æнæкъæвда. Уæлдæфы температурæ боны мидæг уыдзæн +19, +21 градусы, 16-17 ноябры та къæвдаджын æмæ æввахс уазал боныгъæд уыдзæн.

Ныгуылæн Гуырдзыстоны хæххон районты (Амбролауры, Онийы, Цагеры, Шовы, Чъиатурайы, Сачхерейы, Хулойы, Рикъоты æфцæгыл) 15 æмæ 18 ноябры хъарм æмæ æнæкъæвда уыдзæн. Боны мидæг уæлдæфы температурæ уыдзæн +14, +19 градусы. Æнхъæлмæкæсинаг у 16-17 ноябры къæвдаджын æмæ абаргæйæ  уазал боныгъæд.

Ныгуылæн Гуырдзыстоны хæххон районты (Местиа, Бахмаро) 15 æмæ 18 ноябры уыдзæн æнæкъæвда. Боны дæргъы уæлдæфы температурæ уыдзæн +12, +17 градусы. 16-17 ноябры уазал уыдзæн æмæ иуæй-иу рæтты уыдзæн митуард.

Картлийы (Рустауы, Болнисы, Марнеулы, Гардабанийы, Гуры, Цхинвалы) 15 æмæ 18 ноябры уыдзæн æнæкъæвда боныхъæд, 16-17 ноябры та иуæй-иу рæтты æнхъæлмæкæсинаг у къæвда æмæ дымгæ. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +12, +16 градусы.

Къахеты (Сагареджойы, Телавы, Гурджааны, Сигънагъы, Лагодехы, Хъуарелы, Ахметайы, Дедоплисцъхъаройы) 15 æмæ 18 ноябры уыдзæн æнæкъæвда боныгъæд, 16-17 ноябры та иуæй-иу рæтты æнхъæлмæкæсинаг у къæвда æмæ дымгæ. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +12, +16 градусы.

Скæсæн Гуырдзыстоны хæххон районты (Ахалгоры, Борджомы, Душеты, Тианеты, Пасанауры) 15 æмæ 18 ноябры уыдзæн æнæкъæвда. Иуæй-иу рæтты 16-17 ноябры æнхъæлмæкæсинаг у къæвдаджын æмæ дымгæджын боныгъæд. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +8, +13 градусы.

Скæсæн Гуырдзыстоны хæххон районты (Ахалкалакы, Цъалкъайы, Бакурианы, Гудауры, Омалойы) 15 æмæ 18 ноябры уыдзæн æнæкъæвда. Иуæй-иу рæтты 16-17 ноябры æнхъæлмæкæсинаг у мит æмæ дымгæ. Уæлдæфы температурæ боны мидæг уыдзæн +4, +9 градусы.