Гуырдзыстоны 13-14 февралы хъарм æмæ фылдæр æнæдæлдзырæттæ боныгъæд уыдзæн, 15 февралæй рæстæгæй-рæстæгмæ æнхъæлмææсинаг сты дæлдзырæттæ
Æрдзы националон агентады хъусинагæй, 13-14 февралы Гуырдзыстоны лæуудзæн хъарм æмæ дæлдзырæттæ нæ уыдзæн фылдæр хайы. Уæлдæфы температурæ бонæй ныллæг зонæты æмæ кæмтты +20, 25 градус уыдзæн, æрмæст 15 февралæй рæстæгæй-рæстæгмæ уыдзæн дæлдзырæттæ, умæ гæсгæ дæр уæлдæфы температурæ дæр фæкъаддæр уыдзæн .
«Тбилисы 13-14 февралы хъарм æмæ хурджын боныгъæд уыдзæн, 15 февралы та чысыл къæвда у æнхъæлмæкæсинаг. Уæлдæфы температурæ 13-14 февралы бонæй +20, +22, æрмæст 15-æй та +15 +17 граудс сфиксир уыдзæн.
Донбыл рйонты (Батум, Кобулет, Анаклиа, Поти) 13-14 февралы хъарм æмæ хурджын боныгъæд лæудзæн, уæлдæфы температурæ +22,+24 градус уыдзæн, æрмæст 15-æй та уардзæн кхæвда, æнхъæлмæкæсинаг у арвнæрд дæр.
Кахеты (Сагареджо, Телау, Гурджаан, Сигънагъ, Лагодех, ХЪУарел, Ахмета, Дедоплисцъхъаро) хъарм æмæ хурджын бонтæ уыдзæн. Уæлдæфы температурæ 13-14 вералы бонæй +21, +23 градус сфиксир уыдæн. 15 февралы та ранæй-рæтты гæнæн ис чысыл къæвда рахæсса, уæлдæфы температурæ дæр уымæ гæсгæйæ фæуазал уыдзæн», – фæнысангонд у æрдзы националон агентады информацийы.