Гуырдзыстонмæ официалон визитæй æрцыд OSCE-ы архайæг сæрдар Эн Линде
OSCE-ы сæрдар, Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министр Эн Линде, фæуазæг ис Гуырдзыстонмæ.
Пресс-релизы дзырд ис, цæмæй Эн Линде Гуырдзыстонмæ фæуазæг уыдзæн 16 февралы æмæ бæрзонд къæпхæны фембæлдтæ ауадздзæн.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, визиты фæлгæтты Линде фембæлдзæн Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ, премьер-министр Гиоргии Гахариаимæ, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ æмæ фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстыты Гуырдзыстоны падзахадон министр Тея Ахвледианиимæ.
Бадзырдты сæйраг темæ уыдзæн OSCE-ы æмæ Гуырдзыстоны æмгуыстад фæфидардæр кæнын.
«Сæрмагондæй нысаниуæгджын у уый æмæ Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликты аскуыддзагы процессы, активон бастдзинад Швецийы сæрдариуæгы иуæй-иу приоритет у», – банысан кодтой ФХМ-ы.
OSCE-ы сæрдар Эн Линде афтæдæр ауадздзæн бадзырдтæ Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзеимæ, парламенты уæнгтимæ æмæ æмбæстагон æхсæнадимæ, цæмæй æркæса OSCE-ы Швецийы сæрдариуæгы приоритеттæ, афтæма ацæудзæн пресс-конференци гуырдзиаг медийæн.
OSCE-ы сæрдар афтæдæр хъавы Европæйы мониторингы миссиимæ фембæлын.
Визиты фæлгæтты Эн Линде ныццæудзæн оккупацион хаххы гæрон уæвæг хъæу Хурвалетмæ.
Эн Линде Гуырдзыстонмæ фæсарæн хъуыддæгты министры рангы фуазæг ис 2020 азы.