OSCE-ы сæрдар – Бузныг Гуырдзыстоны хицауад æмæ адæмæн Украинайæн  фарсхæцыны тыххæй
OSCE-ы сæрдар – Бузныг Гуырдзыстоны хицауад æмæ адæмæн Украинайæн фарсхæцыны тыххæй

Арфæгæнæг дæн Гуырдзыстоны хицауад æмсæ  адæмæн, цæмæй равдыстой  фарсхæцын Украинайæн  – уый фæдыл  OSCE-ы  апрхайæг сæрдар  Польшæйы  фæсарæн хъуыддæгты министр Збигнев Рау Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ фембæлды  фæстæ лæвæрд брифингыл  райхъусын кодта.

«OSCE бæрзонд аргъ кæны Гуырдзыстонæн  Украинайы  OSCE-ы  мониторингы специалон   миссийæн фарсхæцыны тыххæй. Афтæма банысан кæнын хъæуы, Тбилисы  æнхъарæн, баххуыс кодтаит OSCE-ы минæвæрттæн  эвакуацийы процессы», – райхъусын кодта  Збигнев Рау.

Йæ дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсейы  æнæпровоциргонд агресси Украинайы ныхмæ  æмæ  куынæггæнæг  архæйдтытæ  æндæр  цалдæр бæстæйы  ныхмæ  OSCE-ы  ареалы, кæцыйы Гуырдзыстон у иуæ-иу сегасдæр бæрæг цæвиттон,  уый амонæг у, цæмæй ис архайд, тыхы методтæй  æрцæуа  арæнты ивд Европæйы.

«Танкты æмæ телтæй æмбондты  æвзаг халы  æхсæнадæмон барады  принциптæ. Уый здæхт у  æнæрмæст суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады ныхмæ  ахæм бæстæтæы, цахæмдæр сты  Гуырдзыстон, Украина кæнæ Молдовæ, фæлæ ма уый  здæхт у  Европæйы æдасдзинады  фундаментон  принципты ныхмæ», –  банысан кодта  Збигнев Рау.

Польшæйы фæсарæн хъуыддæгты министры дзырдæй,  Польшæ, куыд  OSCE-ы  сæрдар бæстæ, тыхархайдыл нæ фæцауæрддзæн  цæмæй Гуырдзыстоны  фарста  актуалон  уа  æхсæнадæмон бонвæткы.

«Нæ сæрдариуæгы фæлгæтты, алцыппæт сараздзыстæм, цæмæй  Гуырдзыстоны уæвæг  конфликты  фарста уа  бæрзонд æмвæзадыл актуалон  æхсæнадæмон бонвæткы.  Нæ рард у, æндæр  æмсæрдæрттимæ æнгом æмгуыстадæй,  уа  гом каналтæ Женевæйы æхснадæмон бадзырдты  хайадисджыты æхсæн, цæмæй   нæхи аиуварс рагафон плангонд   эскалацийæ», – райхæлдта Змбигнев Рау  æмæ  ноджы иу хат сбæлвырд кодта Гуырдзыстонæн OSCE-ы хъæддых фасрхæцын.

Информаци уый фæдыл хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.