Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты Гуырдзыстоны паддзахадон министр Тея Ахвледианийы хуындæй 30-31 январы Гуырдзыстонмæ кусæн визитæй æрцæудзæн Молдовæйы Республикæйы вице-премьер реинтеграцийы фарстаты, Олег Серебрян. Информаци хуъсын кæны паддзахадон министры аппарат.
«Визиты нысан у паддзахадон министры аппараты æмæ Молдовæйы Республикæйы реинтеграцийы бюройы æхсæн æмгуыстад фæарфдæр кæнын, афтæма ахастытæ райтынг кæнын Гуырдзыстоны хицауады æндæр æмбæлон уагдæттимæ æмæ фидæнон æмгуыстады къахдзæфтæ сплан кæнын.
Визиты фæлгæтты Молдовæйы вице-премьер фембæлдтæ ауадздзæн Гуырдзыстоны премьер-министримæ æмæ хицауады æндæр уæнгтимæ, парламенты сæрдаримæ, территорион æнæхъæндзинад сног кæныны æмæ деоккупацийы фарстаты рæстæгмæ комиссиы къухдариуæггæнæгимæ, æмæ æндæр парламентартимæ, афтæма æнæхицауадон организациты минæвæрттимæ æмæ эксперттимæ. Визиты фæлгæтты афтæдæр плангонд у Цхинвалы регионы æрдæм оккупацион хаххы фенын.
Фембæлды фæлгæтты план кæны конфликты сабырæй аскуыддзагы фарстатимæ баст Гуырдзыстоны фæлтæрддзинадимæ æрзонгæ кæнын æмæ Гуырдзыстоны хицауады сабырадон политикæйы цыдимæ базонгæ кæнын, афтæма информацийы баивд оккупацигонд Гурдзыстоны регионы æмæ Молдовæйы Республикæйы Днестргæрон регионы уæвæг уавæры фæдыл», – банысангонд у фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстатыл Гуырдзыстоны паддзахадон министры аппараты информацийы.