Гуырдзыстонмæ æрбахызт ноджы иу æхсæнадæмон IT компани «Making Science»
Гуырдзыстоны кусын райдадайдзæн ноджы иу æхсæнадæмон IT компани, испайнаг «Making Science», кæцы инвестици нывæрдта гуырдзиаг IT компани «Sweeft Digital»-ы. Ацы æмгуыстадæй «Making Science» Гуырдзыстонæй кусдзæн æмæ гуырдзиаг компаниимæ иумæ лæггад кæндзæн æхсæнадæмон клиенттæн.
Экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министры хæдивæгы Ираклий Надареишвилийы фидиуæнæй, ацы æмгуыстады фæстиуæгæн, «Sweeft Digital»-ы фæллойгæнæг цалдæр сæдæ нæ æмбæстонмæ уыдзæн фадат, суа ставд IT компанийы уæнг, лæггад кæна æхсæнадæмон базартæн æмæ сбæрзонддæр кæна йæ квалификаци.
Гуырдзыстоны хицауады ивгъуыд азы хаст уынаффæйæ, IT компанитæн, кæцытæ экспортыл сты ориентацигонд æмæ самал кæндзысты æхсæнадæмон компанийы статус, æфтиагæй хъалон 5%-ы онг фæкъаддæри. Уый фæстиуæгæн та, Гуырдзыстонмæ æрбахызстысты ахæм ставд IT компанитæ, цахæмдæр сты «Эпам» æмæ «Эксадел», кæцыты абоны бонмæ цалдæр сæдæ Гуырдзыстоны æмбæстаг кусы.