Гуырдзыстонæй Украинамæ 25 бæрзонд тынгады генератортæ уыд æрвыст
Гуырдзыстонæй Украинамæ 25 иуæг бæрзонд тынгады генератортæ арвыстой, кæцытæ премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы барамындæй, Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады системæмæ бацæуæг «Гуырдзыстоны паддзахадон электросистемæ» балхæдта. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны экономикæйы министрад.
Уагдоны информацийæ, дзырдæуы 1,5 милуан ларийы аргъы кондадон нысаниуæгы генераторы фæдыл, кæцыты фæрцы гæнæн ис уæлвæтк режимы кусой рынчындæттæ, хæрæндон объекттæ æмæ æндæр критикон нысаниуæгы объекттæ.
Генераторты сæргъæвыны процессмæ цæст дарттой, экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министры хæдивæг Ромео Микаутадзе æмæ Украинайы минæварады хъуыддæгты рæстæгмæ æвджид лæг Андрей Касьянов, кæцы Гуырдзыстоны хицауадæн, сæрмагондæй премьер-министрæн бузныг дзуры æххуысы тыххæй.
«Бузныг алы гуырдзиагæн Украинайы тынг фидар æмæ архайадон фарсдарыны тыххæй мæ бæстæйæнæ æмæ мæ адæмæн афтæ критикон периоды», – банысан кодта Украинайы минæварады хъуыддæгты рæстæгмæ æвджид лæг.
Йæхи æрдгæй министры хæдивæг ныфс разагъдта, цæмæй абон æрвыст бæрзонд тынгады генераторты парти Украинайы, цуъс уæддæр фæрогдæр кæндзæн украинаг адæмæн уæвæг проблемæтæ.