Гуырдзыстонæй Израилы æмбæхсæн агурджыты нымæц 70 процентæй фæкъаддæр ис
Гуырдзыстонæй Израилы лигъдон агурджыты нымæц 70 процентæй фæкъаддæр ис. Бæрæггæнæнтæ «Хаарецы» (Haaretz) статийы сты публикацигонд.
Израилы цæрджыты æмæ имиграцийы куысты хъусинагæй, 2017 азы æмбæхсæн Израилы, Гуырдзыстоны 1 351 æмбæстаг æркуырдта, 2018 азы та ацы уынинаг фæкъаддæр ис 399 ы онг.
Куырдиæтты нымæцы фæкъаддæры, Израилы 2017 азы ист скуыддзæгтимæ бæттынц, Гуырдзыстоны æдас бæстæйыл куы банымадтой уæд. Уый фæстиуæгæн фенцондæр ис æмбæхсæн агурджыты куырдиæтты каст æмæ сыл æппæрццаг дзуаппытæ раттын.
Haaretz- амоны, цæмæй 2018 азы Израилимæ нæ бауагътой Уæрæсейы, Украинæйы, Молдовæйы, Гуырдзыстон æмæ Белорусийы 17 мин æмбæстагы.
«Нæзагъды сæйраг æфсон иммиграцийы куысты хъуыды у, цæмæй æмбæстæгтæ нал наууадздзысты бæстæ закъонæй бæрæг æртæмæййон æмгъуыд аивгъуыды фæстæ. Æрмæст иуаг цауты уыдис баст æдасдзинадимæ кæнæ криминалимæ», – фыст ис статийы.
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнæнтæй, Израилмæ ацæуæг æмбæстæгтæй алы дæсæмы зæгъгæ фæстæмæ раздахынц. Уагдоны хъусинагæй, 2019 азы январы, Израилмæ Гуырдзыстоны 1 320 æмбæстаг ацыд, бæстæмæ бахизын та бахъом сты æрмæстдæр 141.