2008 азы хæсты хъуыддагыл Страсбургы тæрхондон уынаффæ фехъусын кодта. Æмбæлгæ пресс-релиз публикацигонд æрцыд Адæймаджы барты Европаг Тæрхондоны официалон веб-фарсыл.
Хъуыддаг æххæссыд, Гуырдзыстоны хицауады хъастмæ, Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй конвенцийы æндæр æмæ æндæр халыны фæдыл, 2008 азы августы Гуырдзыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн гарзджын конфликтмæ гæсгæ.
Тæрхондон сбæлвырд кодта, цæмæй хъуамæ фæхицæнтæ уа æфсæддон архæйдтыты активон фазæ (2008 азы 8-12 август) æмæ æндæр фæзындтæ, кæцы æрцыд хæстон архæйдтыты активон фазæ банцады фæстæ, кæнæ та æхст фæурæды фæдыл 2008 азы 12 августы бадзырды фæстæ.
Тæрхондон æркастис фарсыты бавдисгæ фиппаинæгтæ æмæ бирæ æндæр документ, афæтма æхсæнадæмон хицауадон æмæ æнæхицауадон организациты хыгъдлæвæрдтæ. Уымæй уæлдай ма, тæрхондон байхъуыста 33 æвдисæнæй бæлвырдгæнæнтæм.
Хъуыддаг бацахуыры фæстæ тæрхондон сбæлвырд кодта, цæмæй хæцæн архæйдтыты активон фазæйы рæстæджы (2008 азы 8-12 августы) æрцæугæ фæзындтæ нæ уыдысты Уæрæсейы юрисдикцийы дæнлбар конвенцийы фыццаг статимæ гæсгæйæ (адæймаджы бартæн цыты хæсист) æмæ куырдиаты фæнысангонд хай, æнæруадзгæйыл банымадта. Фæлæ сбæрæг кодта, цæмæй Уæрæсейы Федераци æххæст кодта «эффективон контроль» Хуссар Ирыстоныл, Абхаз æмæ «буферон зонæыл» 2008 азы 12 августæй 10 октябры онг периоды. Фæнысангонд периоды фæстæ Уæрæсейы фидар минæварад æмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хицауадты Уæрæсейы Федерацийыл бастдзинад, амыдта уый цæмæй, Хуссар Ирыстоныл æмæ Абхазыл «эффективон контроль» дарддæр кодта. Уымæ æмбæлгæйæ тæрхондон аскуыддзаг кодта, цæмæй хæцæн архæйдтыты банцады фæстæ æрцæугæ фæзындтæ Уæрæссейы Федерацийы юрисдикцийы дæлбар уыдысты конвенцийы фыццаг статимæ æмбæлгæйæ (адæймаджы бартæн цыты хæсист).
Сæрмагондæй, Адæймаджы Барты Европаг Тæрхондоны стыр палатæ рахаста уынаффæ:
- 11 хъæлæсæй 6-ы ныхмæ, цæмæй хæцæн архæйдтыты активон фазæйы рæстæджы (2008 азы 8-12 август) æрцæугæ фæзындтæ Уæрæсейы юрисдикцийы дæлбар не сты конвенцийы фыццаг статимæ гæсгæйæ (адæймаджы бартæн цыты хæсист);
- 16 хъæлæсæй иуы ныхмæ, цæмæй хæцæн архæйдтыты банцады фæстæ (æхст фæурæды фæдыл 2008 азы 12 августы бадзырды фæстæ) æрцæугæ фæзындтæ Уæрæсейы юрисдикцийы дæлбар сты;
- 16 хъæлæсæй иуы ныхмæ, цæмæй фæбæрæг ис администрацион практикæ, кæцы йæ ныхмæ у конвенцийы 2-æм (царды бар), 3-æм (хъизæмары, æнæтæригъæд кæнæ джелбетт ссæндæг ахасты кæнæ æфхæрды тобæ) æмæ 8-æм статитæн (хисæрмагонд æмæ бинонты царды хъахъхъæды бар) афтæма конвенцийы уæлæмхасæн протоколы фыццаг статимæ (сæрмæмулкы хъахъхъæд).
- Æмхъæлæсонæй, ома Цхинвалы Хуссар Ирыстоны тыхты æрдгæй 2008 азы 10-27 августы Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрцахстытæ хауы Уæрæсейы юрисдикцийы дæлбар конвенцийы фыццаг статимæ æмбæлгæйæ (адæймаджы бартæн цыты хæсист);
- Æихъæлæсонæй, цæмæй бæрæг уыд администрацион практикæ, кæцы нæбадгæ у конвецийы 3-æм статиимæ (хъизæмары, æнæтæригъæд кæнæ джелбетт ссæндæг ахасты кæнæ æфхæрды тобæ) Гуырдзыстоны 160 сабыр æмбæстæгты ахсты уавæрты æмæ адæймаджы джелбетт æгадгæнæг архæйдтыты тыххæй, кæцы нымад хъуамæ цæуа æнæтæригъæд æмæ намыс æгадгæнæг ахастыл;
- Æмхъæлæсонæй, цæмæй бæрæг уыд администрацион практикæ, кæцы нæбадгæ у конвенцийы 5-æм статиимæ (сæрибардзинады æмæ æдасдзинады бар) 2008 азы августы Гуырдзыстоны æмбæстæгты хибар æрцахстыты фæдыл;
- Æмхъæлæсонæй, цæмæй 2008 азы 8-17 августы Цхинвалы Хуссар Ирыстоны тыхтæ, гуырдзиаг хæстуацайрæгты æрцахст Уæрæсейы юрисдикцийы дæлбар у конвенцийы фыццаг статимæ æмбæлгæйæ;
- 16 хъæлæсæй иуы ныхмæ, цæмæй бæрæг уыд администрацион практикæ, кæцы нæбадгæ у конвенцийы 3-æм статиимæ (хъизæмары, æнæтæригъæд кæнæ джелбетт æгадгæнæг ахасты кæнæ æфхæрды тобæ) гуырдзиаг хæстуацайрæгты хъизæмары фæдыл;
- 16 хъæлæсæй иуы ныхмæ, цæмæй Уæрæсейы юрисдикцийы дæлбар сты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, кæмæндæриддæр Хуссар Ирыстонмæ, кæнæ Абхазмæ æрыздæхыны фадат нæ раттой;
- 16 хъæлæсæй иуы ныхмæ, цæмæй уыдис администрацион практиæ, кæцы йæ ныхмæ у конвенцийы 4-æм уæлæмхасæн протоколы 2-æм статийæн ( дыууæрдæм змæлды сæрибар) Гуырдзыстоны æмбæстæгты сæрмагонд хæдзæрттæм æрыздæхæн кæй нæй уый фæдыл;
- Æмхъæлæсонæй, ома нæ фæбæрæг ис конвенцийы фыццаг уæлæмхасæн протоколы 2-æм стати халынæн (ахуырады бар);
- Æмхъæлæсонæй, ома Уæрæсейы Федерацимæ уыдис процедурон хæсист конвенцийы дыккаг статимæ æмбæлгæйæ, ауадза æнæ æрмæст хæстон архæйдтыты банцады фæстæ æрцæугæ фæзындты, фæлæ ма афтæдæр хæцæн архæйдтыты активон фазæйы рæстæджы æрцæугæ фæзындты адекватон æмæ эффективон фæдагурыд;
- 16 хъæлæсæй иуы ныхмæ, цæмæй фæбæрæг ис конвенцийы 2-аг статийы (царды бар) процедурон халындзинады фактæн;
- Æмхъæлæсонæй, цæмæй хъастгæнæг хицауады хъасты 13-æм статийы æнедæр статитимæ æмбæрдзинад хицæнæй æркæсыны æнæмæнгхъæуындзинад нæй;
- 16 хъæлæсæй иуы ныхмæ, цæмæй дзуаппдæттæг паддзахад нæ сыххæст кодта 38-æм статийæ бæрæг хæстæ;
- Æмхъæлоæсонæй, цæмæй конвенцийы 41-æм статийæ спайдакæныны фæдыл фарст нæу цæттæ уынаффæ рахæссынæн æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр йæ аргъæвын хъæуы æххæстæй.