Гуырдзыстон, Сомихстон æмæ Азербайджаны æртæфарсон фембæлды хайадисджытæ иумæйаг пресс-релиз парахат кодтой
Гуырдзыстоны, Сомихыстоны æмæ Азербайджаны æртæфарсон фембæлды хайадисджытæ иумæйаг пресс-релиз парахат кодтой.
Пресс-релизы куыд дзырдæуы, афтæмæй 2025 азы 17 апрелы Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвилийы инициативæйæ, Сомихы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Арарат Мирзоян æмæ Азербайджаны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джейхун Байов æртæфарсон фембæлдмæ гæсгæ Сомих æмæ Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министрты хæдивджыты æмвæзадыл Тбилисы сырæзт.
Иумæйаг пресс-релизы куыд банысан кодтой, афтæмæй фембæлды райдайæны хайадисджытæ – Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Лаша Дарсалия, Сомихы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Вахан Костанян, æмæ Азербайджаны республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Эльнур Маммадов æгасцуай загътой æртæ хуссайраг бæстæйы æртæ бæстæйы минæвæрттæн банысан кодта, цæмæй æртæ бæстæйæн ис æнæспайдагонд потенциал æмгуыстадæн, кæцы хъуамæ уа бындурæвæрд кæрæдзийы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æххæст кад кæныныл.
Пресс-релизы ис фыст, цæмæй фембæлды сæйраг хъусдард уыд иумæйаг интересы сферæты æртæварсон æмкуыстдзинад рæзын кæнын, регионы æнæфæцудгæ экономикон рæзт æмæ дидинæфтыдæн æххуыс кæныны нысанæй. Уымæй дарддæр ма ацы фадгуыты æмархайд фæахъаз уыдзæн иумæйаг зындзинæдтæ аиуварс кæнынæн æмæ фæстагмæ ахъаз уыдзæн Хуссар Кавказы регионы дæргъвæтин рæстæджы стабилондзинад æмæ тагъд рæзт сифтонг кæнынæн.