Фæсарæн хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæгы, Вахтанг Махароблишвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ уыцы факт, цæмæй цæгат-атлантикон совет, Гуырдзыстонмæ фæндзæм хатт фæуазæг ис, уый у серьозон политикъон æрвитæггаг.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæнхъæлгæ нæу, цæмæй советы визитæн фысым кæны Батум, уый зæрдыл даргæйæ, цæмæй фæстаг афæдз æмæ æрдæджы дæргъы, НАТО-йы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн активон консультацитæ цæуынц Сау денджызы æдасдзинад фæтыхджын кæныны æмæ фæфидар кæныны цæстæнгасæй, æмæ ацы фарстайы Гуырдзыстонæн ис тынг ахсджиаг роль. Махароблишвилийы дзырдæй, совет, куыд иуæй-иу сæйраг уынаффæ исæг орган альянсы, бынатыл æрзонгæ уыдзæн цæугæ ситуациимæ, Гуырдзыстоны хæдиргъæфхъомады фæрæзтимæ, афтæдæр уыцы реформæтимæ, кæцытæ бæстæйы цæуынц.
«Динамикæ Гуырдзыстоны æмæ НАТО-йы æхсæн у тынг бæрзонд æмæ интенсивон. Советы визит к политикъонæй тынг нысаниуæгджын æрвитæггаг нæ бæстæйæн, нæ бæстæйы НАТО-йы уæнг суæвыны контексты æмæ хахх кæны уыцы факт, цæмæй Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнг суæвын у æнæфæцудгæ процесс» – банысан кодта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг.
Гуырдзыстонмæ цæгат-атлантикон советы визит 3-4 октябры сырæздзæн. Фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, делегацийæн, кæцыйы сконды уыдзæн альянсы 29 уæнг бæстæйы иугæндзон минæвар, НАТО-йы генералон нымæрдары хæдивæг Роуз Гьоттемьоллер къухдариуæг кæндзæн.