Гуырдзыстон, 2019 азы 27 ноябрæй 2020 азы 15 майы онг, Европæйы Советы министрты комитеты сæрдар бæстæ уыдзæн.
Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, сæрдариуæг алæвæрды официалон церемони Страсбургы, цæугæ азы 27 ноябры ацæудзæн. Гуырдзыстон сæрдариуæгдзинад райсдзæн Францæй, Европæйы Советы министрты хæдивджыты комитеты рабадтыл.
Фæнысангондмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани Страсбургмæ ныццæудзæн.
Афтæдæр Евроæйы Советы министрты комитеты сæрдариуæгмæ гæсгæ фæсарæн хъуыддæгты министрады сом пресс-конференци цæудзæн, афтæдæр сом, ахæлиу уыдзæн европæйы советы сæрдариуæгы периоды Гуырдзыстоны приоритетты фæдыл уæрæх информаци æмæ Давит Залкалианийы видеобасидт.
«Фæнысанкæнинаг у, цæмæй ай у фыццаг цау, Гуырдзыстон куы суыдзæн æхсæнадæмон организацийы сæрдар бæстæйæ», – хъусын кæны Фæсарæн хъуыддæгты министрад.
Сæрдариуæгы æхсæз мæйы дæргъы, Гуырдзыстон Европæйы Советы фæлгæтты 20-ы онг мадзалы организатор уыдзæн.