Гуырдзыстон цыппар бæстæимæ иумæ баиу ис, Хъырымы анексийы тыххæй Уæрæсейæн Евроцæдисы санкцитæ адарддæр кæныны фæдыл уынаффæмæ
Гуырдзыстон цыппар бæстæимæ иумæ, Евроцæдис Хъырымы анексийы тыххæй Уæрæсейæн цы санкцитæ сфидар кодта, уыдоны адарддæрмæ баиу ис. Уый фæдыл дзырдæуы Евроцæдисы советы официалон веб-фарсыл публикацигонд фидиуæны.
Хъырым æмæ Севастополы æнæзаконон анексийы тыххæй архайæг санкциты 2022 азы 23 июнмæ адарддæр кæныны уынаффæ Евроцæдисы совет 21 июны рахаста.
Фæнысангонд уынаффæмæ бауи сты Украина, Норвеги, Македони æмæ Албани.
Хъырымы æрдæгсакъадахы æнæзаконон анексийы тыххæй Евроцæдис Уæрæсейæн санкцитæ сфидар кодта 2014 азы.