Гуырдзыстон-Бердзены матчмæ билетты ауæй райсомæй, 23 мартæй  райдайдзæн #1TVSPORT
Гуырдзыстон-Бердзены матчмæ билетты ауæй райсомæй, 23 мартæй райдайдзæн #1TVSPORT

Евро 2024-ы квалификацион   этапы   плей офы   финалы Гуыдзыстоны  ææ Бердзены æмбырдгæндты фембæлдмæ билетты  ауæй   райсомæй райдайдзæн.

Гуырдзыстоны  фуболы  федерацийы хъусинагæй,  билетты ауæй райсом  12:00 сахатæй   æрмæстдæр онлайн  режимы, ТКТ.ge-ыл уыдзæн  гæнæн.  Алы  фæлхасгæнæгæн æрмæстдæр цыппар   билеты  балхæныны бар уыдзæн.   Билетты æргътæ уыдзысты  10, 20, 30  æмæ  50   лари.

ГФФ-ы  райхъусын кодтой  информаци  каласкæйæ  фæлхасгæнæг   уæнгтæн дæр –  каласкæйæ  фæлхасгæнæг  уæнгæн йæ бон у   билеты æркурын, кæцы йын  стадионы   территорийыл  йемæ уæвæг  уæнгимæ иумæ  бацыды бар дæтты.

Гуырдзыстоны националон æмбырдгонд фуболы, Бердзены æмбырдгонды  ныхмæ  Европæйы Чемпионаты плей офы  финалон матч  26 марты   ахъаздзæн.  Фембæлд Борис Паичъадзейы   номыл   «Динамо Аренæйыл» 21:00 сахатыл  райдайдзæн.  Матчы  телерепортажы  радæтдзæн Гуырдзыстоны Фыццаг Канал.