«Georgian Airways» Евро 2024-мæ нысангонд  специалон комкоммæ  тахтытыл  авиабилетты уæй кæнын райдыдта
«Georgian Airways» Евро 2024-мæ нысангонд специалон комкоммæ тахтытыл авиабилетты уæй кæнын райдыдта

«Georgian Airways» Евро 2024-мæ нысангонд  специалон   комкоммæ  тахтытыл  авиабилетты уæй кæнын райдыдта.  Компанийы  куыд хъусын кæнынц, афтæмæй   билетты ауæй  13:00 сахатæй  райдайдзæн æмæ   билет аргъ 295 евройæ  уыдзæн.

«Комкоммæ  тахтытæ   сыххæст уыдзысты ахæм ранывæзæй:  Тбилисæй   Дортумндмæ 17 июны (фæстæмæ ратæхын  Дортмундæй  Тбилисмæ 19 июны); Тбилисæй  Гамбургмæ  -21  июны ( фæстæмæ   рейс  23  юны); Тбилисæй  Дюссельдорфмæ  25  июны (фæстæмæ рейс   27 июны).

Комкоммæ  рейстæ сыххæст уыдзæн   бæлццæттæн   матчытæм  ныццæуынæн комфортон рæстæджы.  Авиабилеттæ рæувадат уыдзæн авиакомпанийы веб-фарсыл,  реализацийы  офисты æмæ  партнер агентадты.

Курæг уæ стæм,  уæ зæрдыл бадарут, цæмæй  специалон   рейстыл  авиабилетты  фæстæмæ æрыздахæн нæй.   Иумæ рахæцæм йæ фарс националон æмбырдгондæн!»- дзырдæуы   «Georgian Airways»-ы информацийы.