Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Турк, æмкуысткæнынады архайадон пълан сфидар кодтой [фото]
Тбилисы паддзахадон церемониты галуаны, Гуырдзыстоны, Азербайджаны æмæ Турчы фæсарæн хъуыддæгты министртæ иумæйаг куырдиат сарызтой.
Уæдæмæ та къухбафыст æрцыд Азербайджаны, Гуырдзыстон æмæ Турчы Республикæты фæсарæн ъхуыддæгты министрты æстæм æртæфарсон фембæлды Тбилисы иумæйаг куырдиат.
Давит Залкалианийы ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Гуырдзыстоны, Азербайджаны æмæ Турчы фæсарæн хъуыддæгты министрты 8-æм æртæфарсон фембæлдыл æртæфарсон форматы 2020-22 азты архайадон пълан æркастысты.
Залкалианийы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, фембæлды рæстæджы сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд иумæйаг регионалон, транспортон, энергетикон проекттыл дискуссийы æрдæм.
«Фембæлды рæстæджы сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд иуæймаг регионалон транспортон-энергетикон проекттыл дискуссийы æрдæм. Сфиксир ис транскаспийаг хæтæлвæды проекты реализацийы нысаниуæг æмæ Гуырдзыстоны, Азербайджаны æмæ Турчы роль, Каспийы регионæй Европæмæ энергоресурсты транспортацийы фарста æмæ европæйы энергоæдасдзинад ифтонгады. Бахахх кодтой, ныридæгæн æнтыстджынæй сæххæст Баку-Тбилис-Джейханы æмæ Баку-Тбилис- Эрзрумы энергетикон проекттæ. Ацы рæстæджы министртæ ноджы иу хатт сбæлвырд кодтой цæттæдзинад, цæмæй адарддæр уа координаци Хуссары энергетикон къæлидоры æххæст реализацийæн. Афтæдæр банысан ис транс-анатолиаг æрдзон газы хæтæлвæды (TANAP) проекты дыккаг этапы фæуды нысаниуæг, кæцыйы инаугураци цъус рæстæг размæ, 30 ноябры ацыд Турчы. Хъуамæ банысан уа, цæмæй проекты сæххæст æххуыс кæны ног реалондзинад саразыны европаг энергоæдасдзинады архитектурæйы», – райхъусын кодта Давит Залкалиани.