Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Турк, æмкуысткæнынады  архайадон пълан сфидар кодтой [фото]
Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Турк, æмкуысткæнынады архайадон пълан сфидар кодтой [фото]

Тбилисы   паддзахадон церемониты  галуаны,  Гуырдзыстоны, Азербайджаны æмæ   Турчы   фæсарæн хъуыддæгты министртæ   иумæйаг   куырдиат сарызтой.

Уæдæмæ  та  къухбафыст æрцыд  Азербайджаны, Гуырдзыстон æмæ Турчы   Республикæты фæсарæн ъхуыддæгты  министрты æстæм   æртæфарсон  фембæлды  Тбилисы  иумæйаг  куырдиат.

Давит Залкалианийы   ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ Гуырдзыстоны, Азербайджаны æмæ Турчы  фæсарæн хъуыддæгты  министрты 8-æм  æртæфарсон  фембæлдыл  æртæфарсон  форматы  2020-22 азты  архайадон  пълан  æркастысты.

Залкалианийы  æмбарынгæнæнмæ  гæсгæйæ,   фембæлды рæстæджы  сæрмагонд  хъусдард здæхт  æрцыд  иумæйаг  регионалон, транспортон,  энергетикон  проекттыл дискуссийы  æрдæм.

«Фембæлды рæстæджы  сæрмагонд хъусдард  здæхт æрцыд   иуæймаг регионалон   транспортон-энергетикон  проекттыл  дискуссийы  æрдæм.   Сфиксир ис  транскаспийаг хæтæлвæды  проекты   реализацийы   нысаниуæг æмæ Гуырдзыстоны, Азербайджаны  æмæ Турчы  роль,  Каспийы  регионæй  Европæмæ  энергоресурсты транспортацийы  фарста æмæ европæйы  энергоæдасдзинад  ифтонгады.  Бахахх кодтой,  ныридæгæн  æнтыстджынæй  сæххæст Баку-Тбилис-Джейханы  æмæ Баку-Тбилис- Эрзрумы  энергетикон  проекттæ.  Ацы  рæстæджы  министртæ  ноджы иу  хатт  сбæлвырд кодтой  цæттæдзинад, цæмæй   адарддæр уа  координаци  Хуссары  энергетикон  къæлидоры  æххæст реализацийæн. Афтæдæр банысан ис  транс-анатолиаг  æрдзон газы  хæтæлвæды (TANAP) проекты  дыккаг   этапы   фæуды  нысаниуæг,  кæцыйы   инаугураци  цъус рæстæг  размæ,  30 ноябры  ацыд Турчы.  Хъуамæ  банысан уа, цæмæй  проекты  сæххæст  æххуыс  кæны  ног реалондзинад  саразыны  европаг  энергоæдасдзинады  архитектурæйы», – райхъусын кодта Давит Залкалиани.