Гуырдзыстон æмæ Украинæ, баиу сты Евроцæдисы æрдгæй Уæрæсейæн санкциты пролонгацимæ
Гуырдзыстон æмæ Украинæ, Уæрæсейы æрдгæй Хъырмы æмæ Севастополы æнæлегалон анексийы тыххæй, Евроцæдисы санкциты адарддæр кæнынмæ баиу сты. Информацийы уый фæдыл Евроцæдисы советы пресс-куыст хæлиу.
«2018 азы 18 июлы Евроцæдисы совет 2019 азы 18 июлмæ адарддæр кодта арæнгæнæг мадзæлттæ Хъырыммæ гæсгæ. Кандидат бæстæтæ Монтенегрой æм Албани, Европаг сæрибар базарадон зонæйы уæнг Норвеги, афтæдæр Гуырдзыстон æмæ Украинæ, баиу сты ацы мадзæлттæм. Уыдон сæ националон политикæ æмбæлон скæндзысты советы уынаффæтимæ. Евроцæдис йæ хъуыдыйы дары ацы фарсхæцын æмæ райгонд у уымæй» – дзырдæуы доументы.