Гуырдзыстон æмæ Турчы премьер-министрты æхсæн сырæзт телефонæй ныхас
Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзейы æмæ Турчы Республикæйы премьер-министр Бинали Йылдырымы æхсæн телефонæй ныхас сырæзт.
Хицауады администрацийы информацийæ, Мамука бахтадзе туркаг коллегæйæн æвзæрстыты æнтыстджынæй ауадзын раарфæ кодта æмæ банысан кодта, цæмæй Турк, Гуырдзыстоны нысаниуæгджын партнер у.
Ныхас афтæдæр аххæссыд регионон проектытæм æмæ дыууæфарсон æмкуыстдзинад ноджы фылдæр фæарфдæр кæныыны фарстамæ.
Турчы премьер, Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æмæ Гуырдзыстоны европаг æмæ евроатлантикон интеграцийæн æнæцудгæ æнцойад сбæлвырд кодта.
Фæсрстæ стратегион партнерады фæарфдæр кæныны æмæ бирæфарсон фформатты æнтыстджын æмгуыстады адарддæр кæныны фæдыл ныфс равдыстой.