Гуырдзыстон æмæ Перуйы æхсæн бафыстæуыд æнæвизæ дыууæрдæм змæлды фæдыл бадзырд
Гуырдзыстон æмæ Перуйы Республикæйы æхсæн æнæвизæ дыууæрдæм змæлды фæдыл бадзырд бафыстæуыд, кæцыйыл ИНО-йы генералон ассамблейы 78-æм сессийы фæлгæтты уагъд фембæлдыл къух бафыстой Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Дарчиашвили Илиа æмæ Перуйы фæсарæн хъуыддæгты министр Анна Сесилиа Гервас.
Æддагполитикон уагдоны пресскуысты хъусинагæй, Нью-Йоркы уагъд фембæлдыл фарсытæ æркастысты дыууæфарсон æмæ бирæфарсон бонвæткы актуалон фарстатæ æмæ фидæны перспективæтæ.