Гуырдзыстон æмæ Иугонд Паддзахады æхсæн бафыст æрцыд стратегион партнерады фæдыл бадзырд
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Давит Залкалиани æмæ Иугонд Паддзахады фæсарæн æмæ æмгарады хъуыддæгты нымæрдар, Доминик Рааб 2019 азы 21 октябры, Лондоны къух бафыстой «Гуырдызстоны æмæ Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы Иугонд Паддзахады æхсæн, стратегион партнерады æмæ æмкуысткæнынады» бадзырдыл.
Бадзырд Брекситы фæстæ Стыр Британиимæ дыууæфарсон ахастыты фæивдзæн Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы æхсæн уæвæг ассоциацидзинады бадзырды. Документ æххæссы æмкуысткæнынады уæрæх спектрмæ æмæ æвзæрын кæны барадон фæлгæт стратегион партнерадæн, афтæдæр, ифтонг кæны сæрибар базарады режим химæ æруадзын Гуырдзыстон æмæ Стыр Британийы æхсæн.
Бадзырд йæ хъуыдыйы дары æмкуысткæнынад, æндæр æмæ æндæр сферæты, сæ нымæцы: æддæ æмæ æдадсзинад политикъæ; æхсæнадæмон барады принциптæн цыт кæнын; конфликтты сабырадон фæндагæй аскуыддзаг баахъаз кæнын; экономикон диалог; транспорт; энергетикæ; æрдзы хъахъхъæд æмæ климаты ивдимæ тох; индустрион æмæ амалиуæгон политикъæ, инновацитæ; финансон сервсистæ; информацион коммуникациты технологитæ; туризм; хъæууон хæдзарад; социалон политикъæ æмæ æнæнизхъахъъæд; ахуырады æмæ культурæйы къабæзтæ; афтæдæр регионалон æмкуысткæнынад æмæ æнд.
Банысан кæнын хъæуы уый æмæ бадзырд йæ хъуыдыйы дары сæрибар базарады режим æмæ фæлхат кæны Гуырдызстоны æмæ Евроцæдисы æхсæн арф æмæ æппæтылæххæссæг сæрибар базарады (Deep and Comprehensive Free Trade Area – DC FTA) уагæвæрдтæ.