Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны хицæуæдты æхсæн хъахъхъæнынады сферæйы æмгуыстады фæдыл бадзырд бафыстæуыд
Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны хицæуæдты æхсæн хъахъхъæнынады сферæйы æмгуыстады бадзырд бафыстæуыд. Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны хъахъхъæнынады уагдæттæ æмгуыстады тынг дæр кæнынц, – уый фæдыл инфорамцийы Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрад хъусын кæны.
Уагдоны информацийæ, хъахъхъæнынады сферæйы æмгуысатды фæдыл ранæуæггонд бадзырд Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министры Азербайджанмæ визиты фæлгæтты бафыстæуыд.
«Джуаншер Бурчъуладзейæн азербайджайнаг коллегæ сфысым кодта. Хъахъхъæнынады министр инæлар-булкъон Закир Гасановæн раарфæ кодта хъарм фысымдзинады тыххæй æмæ хаххгондæй банысан кодта стратегион-партнерон æмæ хæлар бæстæимæ адæмты æхсæн æнгом цæдистæ æмæ хæларсыхагон ахастытæ.
Фарсытæ хъахъхъæнынады сферæйы дыууæфарсон æмгуыстады цæугæ фарстатæ æмæ фидæнон плантæ æркастысты, сæ нымæцы æхсæнадæмон ахуырты æмæ æфсæддон-рухсадон программæты хайад райст. Дзырд уыдис Азербайджан-Турк-Гурыдзыстоны æртæфарсон æмгуыстады форматы æмгуыстады фарстатыл. Банысан ис, цæмæй стратегион æмвæзады фембæлдтæ, хъахъхъæнынады сферæйы æмгуыстад, иумæйаг ахуыртæ æмæ экспертты фембæлдтæ ноджы стынг дæр кæндзысты бæстæты кæрæдзиимæ æмбынатиндзинад.
Фембæлды кæрон Джуаншер Бурчъуладзе азербайджайнаг коллегæйы 26 майы Гуырдзыстоны хæдбарады бонмæ нывонд мадзалмæ фæхуыдта.
Официалон фембæлдты размæ хъахъхъæнынады министр «Цыты аллейы» дидингуытæ сæвæрдта Азербайджаны националон лидеры, Гейдар Алиевы ингæн.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрад.