Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны  хицæуæдты  æхсæн  хъахъхъæнынады сферæйы  æмгуыстады фæдыл бадзырд бафыстæуыд
Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны хицæуæдты æхсæн хъахъхъæнынады сферæйы æмгуыстады фæдыл бадзырд бафыстæуыд

Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны  хицæуæдты æхсæн  хъахъхъæнынады  сферæйы  æмгуыстады  бадзырд бафыстæуыд.  Гуырдзыстоны  æмæ Азербайджаны  хъахъхъæнынады уагдæттæ  æмгуыстады тынг дæр кæнынц, – уый фæдыл  инфорамцийы Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министрад  хъусын кæны.

Уагдоны  информацийæ,  хъахъхъæнынады сферæйы  æмгуысатды фæдыл  ранæуæггонд   бадзырд  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министры Азербайджанмæ  визиты фæлгæтты  бафыстæуыд.

«Джуаншер Бурчъуладзейæн  азербайджайнаг коллегæ сфысым кодта. Хъахъхъæнынады  министр   инæлар-булкъон   Закир  Гасановæн  раарфæ кодта   хъарм  фысымдзинады тыххæй   æмæ  хаххгондæй банысан кодта   стратегион-партнерон   æмæ  хæлар бæстæимæ  адæмты æхсæн  æнгом цæдистæ æмæ  хæларсыхагон  ахастытæ.

Фарсытæ  хъахъхъæнынады сферæйы   дыууæфарсон  æмгуыстады  цæугæ   фарстатæ  æмæ фидæнон  плантæ  æркастысты, сæ нымæцы  æхсæнадæмон ахуырты  æмæ   æфсæддон-рухсадон   программæты  хайад райст.  Дзырд уыдис  Азербайджан-Турк-Гурыдзыстоны  æртæфарсон    æмгуыстады  форматы  æмгуыстады фарстатыл.  Банысан ис,  цæмæй стратегион   æмвæзады  фембæлдтæ,  хъахъхъæнынады сферæйы   æмгуыстад, иумæйаг  ахуыртæ  æмæ  экспертты  фембæлдтæ ноджы  стынг дæр кæндзысты бæстæты кæрæдзиимæ æмбынатиндзинад.

Фембæлды кæрон Джуаншер Бурчъуладзе азербайджайнаг коллегæйы 26 майы   Гуырдзыстоны  хæдбарады бонмæ нывонд   мадзалмæ  фæхуыдта.

Официалон фембæлдты размæ  хъахъхъæнынады министр  «Цыты аллейы»  дидингуытæ сæвæрдта Азербайджаны  националон лидеры, Гейдар Алиевы  ингæн.

Информаци  хъусын кæны  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министрад.