Гуырдзыстон 2020 азы газы 92.7 проценты Азербайджанæй райсдзæн, æрмæст 6.6% та Уæрæсейæ
Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр, Натиа Турнава, 2020 азмæ, сбæлвырд кодта газы баланс. Документмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстонмæ газы æрбадæттыны прогнозон гуырахст 2.57 миллиард кубо-метр у.
2.39 миллиард кубо-метры, кæнæ та æмтгæйон гуырахсты 92.7 проценты, Гуырдзыстон райсдзæн Азербайджанæй, уый нымæцы «Сокарæй» 1.51 миллиард кубо-метры, Шах-Денизы гуырæнуатæй та 873.8 милуан кубо-метры.
169.9 милуан кубо-метр газы райсын пълан кæны Уæрæсейæ (6.6 процент), бынæттон амалиуæгады прогнозон гуырахст та 17,9 милуан кубо-метр у (0.7 процент).
2020 азы а.х. социалон газы прогнозон гуырахст 1.6 миллиард кубо-метр у хардз кæныны æрдгæй, сæ нымæцы цæрджытæ цы хардз кæнынц, уый иу миллиард кубо-метрмæ æххæссы, хъарэлектростанцæты хардз та 600 милуан кубо-метр у.
Коммерцион секторы прогнозон хардз 911 милуан кубо-метр у, газы сæфт та æнхъæлцау 35 милуан кубометр уыдзæн.