«Гуырдзиаг Бренды Бон 2019»-ы Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы дыууæ алæвæрд схорзæхджын кодтой
Националон Ббренды хорзæхджын кæныны церемонийыл Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы дыууæ проекты – «Ахали Дгъе» æмæ «Ферма» схорзхæджын кодтой, куыд хуыздæр рейтингон æмæ æууæнкаг телепроекттæ.
«Гуырдзиаг бренды бон 2019»-ы фæлгæтты, уæлахизгондты равзæрстой авд номинацийæ: лидер, репутаци æмæ æууæнк, æнтыстджын ног бренд, æнтыстджын телепроект, æнтыстджын æхсæнадæмон проект, æнтыстджын инвестици, брендперсона.
«2020 азы Фермæйыл сыххæст уыдзæн 10 аз. Махæн уый тынг цытджын хорзæх у, бренды статус. Мæ хъуыдымæ гæсгæ уымæй бæрзонд аргълæвæрд райста нæ куыст, нæ акæнджыты, режиссеры, журналистты, операторты, монтажгæнджыты куыст. Алæвæрд цæттæ кæнæм æнæхъæн балæй æмæ нын ахæм бæрзонд аргъ кæй скодтой,уый ныны фылдæр мотиваци дæтты, цæмæй фылдæр саразæм, хуыздæр æмæ фылдæр фермерты равдисæм, амалиуæггæнджыты, адæймæгты, кæцыты продукци сæ бакуыст быдыртæй нæ хæдзæрттæм фæхæццæ вæййы» – райхъусын кодта алæвæрд «Ферма»-ы автор æмæ продюссер, Тамар Болквадзе.
«Ахали Дгъе»-йы акæнæг Давит Горгиладзе раарфæ кодта «Гуырдзиаг Бренды боны» организатортæн.
«Ам мæ фæнды раарфæ кæнын æндæр уæлахиздзаутæн. Ацы хорзæх уый бæлвырдгæнæг у, цææмй сæйумæрайсомы 05:00 сахатыл сыстын хуымæтæджы нæу æмæ ацы куыст дарддæр кæнын, æцæгдæр уый аккаг у»- банысан кодта Давит Горгиладзе.