«Гуырдзиаг Бæллиццы» политсовет - Президентæн бакой кæндзыстæм, цæмæй падздахадон системæйы хъазты фæткойтæ бæрæг кæны конституци, президентæн та уый ногæй рафыссыны бар ничи ратдзæн
Президент фыццаджы дæр хъуамæ цыт кæна Гуырдзыстоны конституцийæн æмæ президенты конституцион бæрн æмæ хæстæн, – уый фæдыл банысангонд у «ГуырдзиагБæллицц – Демократон Гуырдзыстоны» политикон советы фидиуæны.
Фидиуæны банысангонд у, цæмæй конституцийæн цытлæвæрд æмæ уымæ æмбæлгæйæ архайын алы конституцион органы сегасдæр фыццаг хæс у; сæрмагондæй та, уый æххæссы Гуырдзыстоны президентмæ, кæцыйы конституцийы текст комкоммæ хæсджын кæны конституци хъахъхъæнын.
Фидиуæнæй, Гуырдзыстоны конституцийæ æддагон политикæйы эксклюзивон бар хицауадмæ у лæвæрд æмæ йæ сыххæсты Гуырдзыстоны президенты баиу æрмæст уæлвæтк цауты ис гæнæн хицауады сæрмгаонд разыдзинадæй.
«Ацы конституцион дзырд састæй, Гуырдзыстоны хицауадимæ æнæбадзургæйæ, Гуырдзыстоны президент, зноны рабадтыл йæхæдæг куыд райхъусын кодта, афтæмæй, сыххæст кодта цалдæр визит æндæр æмæ æндæр бæстæтæм. Афтæма хъуамæ банысанæуа, цæмæй фæнысангонд визиттæ президент хицауадимæ цыфæнды рагагъоммæ консультацитæй цух сплан кодта æмæ хицауадæн визиты фæдыл æрмæст уый фæстæ фехъусын кодта, кæцыйæ уый бæрæг кæны, цæмæй президент конституци барæй фехæлдта. Мах бацархайдтам президенты институт ма фегад кæнын æмæ ацы факт нæ раргом кодтам, фæлæ ныр, президент йæхæдæг куы райхъусын кодта, ууыл политикон реагиркæнынад æнæмæнгхъæугæйыл нымайæм. Цымидисон у уый, æмæ зноны рацыды президент Европæмæ йæ визитты тыххæй иу ныхас дæр не срæдыд, 5 марты сæрмагонд рабадт æрхонын растдæр визитты фæдыл æнæаргъæвгæ раныхасы бавдысты æнæмæнгхъæуындзинадæй куы райхæлдта. Ацы фактæй уый дæр бæрæг кæны, æмæ президент Европæйæ исты рахатинаг фæстиуæг не рхаста», – дзырдæуы ахæлиугонд фидиуæны.
«Гуырдзиаг Бæллицц» нæрайсгæйæ схуыдта президент критикæ хицауады æрдгæй Украинайы фæдыл позицийы тыххæй.
«Знон афтæдæр фехъуыстам Гуырдзыстоны президенты цалдæр зынæмбарæн куырдиат цæугæ пароцессты фæдыл. Сæ нымæцы иуæй-иу «зынгæ» уыдис ацы фразæ – «Хицауад рæдийы, йæ ныфс куы нæ хæссы уый равдисын, кæцыйы нын амонынц нæ истори æмæ намыс». Уыимæ, ахæм æфхæрæн фразæйы иннæ фарс, уый не сконкрет кодта, цæмæй цы дары йæ хъуыдыйы хицауады нæуæндаг æмæ æнаггаг архайды кой куы кодта, уæд. Бакой уын кæндзыстæм, нæ хицауад дырыс позици равдыста алы æхсæнадæмон форумыл, алы политикон уынаффæ райсты, кæцы Украинайы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцыны æмæ уырыссаг агрессийыл реагирдзинадимæ уыд баст – уыдаит уый Евросоветы Уæрæсейæн уæнгы статус аивын, ИНО-ы резолюцийы æмспонсордзинад, Гаагамæ хаст хъасты æмавтордзинад кæнæ æнд. Омæ кæд президент йæ хъуыдыйы дары уый, цæмæй Гуырдзыстон санкцитæм æмæ хæстмæ хъуамæ баиу уыдаит, уæд йæхæдæг равдисæт æндиуддзинад æмæ уый æргомæй зæгъæт. Ныфс нæ ис, уый нæ фæлхат кæны радикалон оппозицийы тактикæ, кæцы санкциты æмæ хæстыл æргомæй ныхас кæнын йæ ныфс нæ хæссы, фæлæ алы провокацитæй архайы, хицауад тыхыбын бакæна растдæр уыцы æрдæм къахдзæфтæ сараза», – дзырдæуы фидиуæны.
Фæткдæттæг партийы нымайынц, цæмæй президенты конституцийы ныхмæ архæйдтытæ æмæ фидиуæнтæ, сæрмагондæй тæссаг сты уыцы рæстæджы, Уæрæсе-Украинайы хæсты уавæрты, Дуне æмæ Гуырдзыстоны æдасдзинад сæрмагонд æртхъирæны раз куы ис.