«Гуырдзиаг Бæллиццæй» ноджы дыууæ уæнг ацыд, уыдон хъусын кæнынц, цæмæй баиу уыдзысты уыцы адæймæгты рæнхъытæм, кæцытæ рæстдзинадæн тох кæнын хъавынц
Парти «Гуырдзиаг Бæллицц» ноджы дыууæ уæнг ныууагъдта. Уый фæдыл партийы раздæры уæнгтæ фыссынц социалон хызаджы.
Аспиндзайы сакребулойы «Гуырдзиаг Бæллиццы» фракцийы сæрдары пост æмæ парти уадзы Гиа Чъелишвили.
«Мах æмæ нæ фыдæлтæ бирæ туг ныккалдтам Европæйы æрдæм ныфсытæй едзаг æфæндагыл æмæ абон тынг вазыгджын уавæры уынæм, цæмæй иуæй-иу цæвиттон европаг нæ бæстæ æмæ адæмимæ ныхс кæнынц «хъус ивазгæйæ»; архайынц сывæрын æмсæрады нысан «Националон Змæлд» æмæ Европæйы æхсæн. Растдæр уыцы адæм знаггад кæнынц æцæг европаг идеяйæн нæ бæстæйы., кæцы мæнæн нысан кæны хæст нæ фæлæ – сабырдзинад, Гуырдзыстоны васалæй уæвын нæ фæлæ хæдбарад. Ай æппæтмæ гæсгæйæ, ахицæн кодтон ныууадзын парти «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ фракцийы сæрдары бынат уый тыххæй, цæмæй сæрибарæй мæ бон уа ай æппæтыл ныхас кæнын», – фыссы «Фейсбукы» Гиа Чъелишвили.
Афтæма йæ куыстæй йæхи суæгъд кодта Телавы сакребулойы фракци «Гуырдзиаг Бæллиццы» уæнг Леван Кочълошвили. Уый йæ социалон хызаджы публикацигонд посты фыссы, зæгъгæ, цæмæй цæ бон бауа сæрибарæй ныхас кæнын æмæ архайын, ахицæн кодта баиу уа уыцы адæймæгты рæнхъытæм, чидæриддæр хъавы рæстдзинадытыххæй тох кæнын.