«Гуырдзиаг Бæллицц» рацыд инициативæйæ, цæмæй æвзæрстгæнджыты тыхыбын кæныны, тæрсын кæныны æмæ хъæлæскæнынады сусæгдзинад халыны цаутыл санкцитæ фæкарздæр уа
Парти «Гуырдзиаг Бæллицц» рацыд инициативæйæ, цæмæй æвзæрстгæнджыты тыхыбын бакæныны, тæрсын кæныны æмæ хъæлæскæнынад сусæгдзинад халыны цаутыл санкцитæ фæкарз уой. Парламенты сæрдар, Арчил Талаквадзе брифингыл куыд райхъусын кодта, афтæмæй, æмбæлгæ закондæттæн ивддзинæдтæ нырид цæттæ сты æмæ парламенты регистрацийы абон ауадздзысты.
Бавдисгæ инициативæмæ гæсгæ, хъæлæскæнынад сусæгдзинад халыны нысанæн, æвзæрстгæнджыты тæрсын кæнын кæнæ тыхыбын кæнын, æндæр æмæ æндæр формæйæ фыдракæнд, раситдзæн ивар кæнæ мидахæст æмгъуыдæй æхсæз мæйæ дыууæ азы онг, кæнæ та асхтæй æртæ азы онг æмгъуыдæй.
«Ацы ивддзинæдтæй ноджы карздæр кæны бæрн æвзарæнон процессы гæнæн барадсасты æрдæм, æмæ рæзы æвзæрстгæнджыты, сæ сæрибар æвзарыны æмæ ацы æвзæрсты сусæгдзинад хъахъхъæды гъæд. Нæ нысан у, 2020 азы парламентон æвзæрстытæ ацæуой бæрзонддæр демокративон стандарттæй. Цыт кæнæм æмæ æууæндæм нæ дзыллæйы сæрибар æвзæрстæн. Нæ фарсхæцджыты ныфс нæ ис æмæ нæ уырны, цæмæй «Гуырдзиаг Бæллицц» фæуæлахиз уыдзæн рæстаг æвзæрстыты»,- райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.