«Гуырдзиаг Бæллицц» президентон æвзæрстыты Саломе Зурабишвилийæн фарс рахæцыны тыххæй, официалонæй абон райхъусын кæндзæн
«Гуырдзиаг Бæллицц» президентон æвзæрстыты Саломе Зурабишвилийæн фарс рахæцыны тыххæй, официалонæй абон райхъусын кæндзæн.
Фыццаг Къаналы информацийæ, «Гуырдзиаг Бæллиццы» къухдариуæгады нырид аскуыддзаг ис, цæмæй фæткдар къорд президентон æвзæрстыты сæрмагонд кандидаты нæ раразмæ кæндзæн æмæ йæ фарс рахæцдзæн Саломе Зурабишвилийы кандидатурæйæн.
Уæвæг информацийæ, «Гуырдзиаг Бæллиццы» уынаффæйы фæдыл информиргонд у йæхæдæг Саломе Зурабишвили, кæцы президентон æвзæрстытæм баиуы фæдыл фидиуæн, абон 17 сахатыл сараздзæн. «Гуырдзиаг Бæллиццы» централон офисы та, фылдæрты, политсоветы уæнгты æмæ хицауады минæвæртты фембæлд 16:00 сахатмæ у плангонд.
Гуырдзыстоны президентон æвзæрстытæ 28 октябры ацæудзысты.