«Гуырдзиаг Бæллицц» Гуырдзыстоны масштабæй мажоритар депутаттæм кандидатты абон бавдисдзæн
Политикон иугонд «Гуырдзиаг Бæллицц – Демокративон Гуырдзыстон» 2020 азы парламентон æвзæрстыты кампанимæ æрывнæлдта.
Политикон иугонд Гуырдзыстоны масштабæй мажоритар депутаттæм кандидатты абон раразмæ кæндзæн. Кандидатты бавдисыны мадзал Къоджорийы ацæудзæн.
«Гуырдзиаг Бæллиццы» æххæстгæнæг нымæрдары, Ираклий Къобахидзейы инфоормацийæ, бавдисыны процессыл уыдзысты хицаугæнæг партийы сæрдар Бидзина Иванишвили æмæ партийы къухдариуæггæнæг уæнгтæ æххæст скондæй.
«Гуырдзиаг Бæллиццы» партион номхыгъды тыххæй куы зæгъæм, уый абон суыдзæн бæрæг. Ираклий Къобахидзейы фидиуæнæй, æвзæрстгæнджытæм ацы æрдгæй бирæ ногдзинад æнхъæлмæ кæсы.
«Гуырдзиаг Бæллицц – Демокративон Гуырдзыстоны» политикон совет мажоритар депутаттæм кандидатты номхыгъд знон сбæлвырд кодта.
«Гуырдзиаг Бæллиццы» мажоритартæм кандидатты бавдисыны мадзал Къоджорийы, «Биоли»-ы комплексы 11:00 сахатыл райдайдзæн.