Гуырдызстоны хицауад Туркмæ ирвæзынгæнæн мадзæлттæм баиу кæныны нысанæн арвитдзæн æмбæлгæ техникæ æмæ ирвæзынгæнджыты
Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Гъарибашвилийы уынаффæйæ, Турчы æрцæугæ зæххæнкъуысты тыххæй, Гуырдзыстоны хицауад æввахс сахатты, ирвæзынгæнæн мадзæлттæм баиу кæныны нысанæн æмбæлгæ техникæ æмæ ирвæзынгæнджыты арвитдзæн. Информаци уый фæдыл хицауады администрацийы пресс-куыст хъусын кæны.
Афтæма сæ хъусинагæй, Турчы æрцæугæ зæххæнкъуысты фæстиуджытимæ тохмæ Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады уæлвæтк уавæры куысты минæвæрттæ баиу уыдзсты.
Фидар зæххæнъкуыст Турчы абон боныцъæхыл æрцыд. Фæстаг бæрæггæнæнтæй 10 провинцийы 284 адæймаг амард æмæ 2 323 фæцæф ис. АИШ-ы геологион куысты хъусинагæй, стихийы тых уыд 7,8 магнитудæйы бæрц.