Гуырдзыстон медицинон персоналæй  баххуыс кæндзæн  Сомихыстонæн
Гуырдзыстон медицинон персоналæй баххуыс кæндзæн Сомихыстонæн

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы  дзырдæй,  зæгъгæ иунæг бæстæ дæр нæ  бафæраздзæн  коронавирусæй расайгæ  кризисæн иунæгæй.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстон, сыхаг Сомихыстонæн  æххуысы  фарстайыл тæрхон кæны æмæ  æмбæлон  барамынд  æнæнизхъахъхъæды министрадмæ  ныридæгæн æрцыд лæвæрд.

«Ныр нæ  кæрæдзийæн æххуыс  хъуамæ кæнæм,  зонут æй,  нæ  сыхаг    бæстæты  тынг кæй  фæкарз ис фæстаг  периоды   уавæр.   Æз мæхæдæг  æрвылбойнон  сæрмагонд  контактыл дæн  Сомихы  премьеримæ,  афтæ  куыд  коллегæтæ   æнæнизхъахъхъæды, экономикæйы  министртæ,  алчи, фæсарæн хъуыддæгты министр  æмæ  ныридæгæн нын бантыстис  уый идентификаци скæнын, цæмæй    цы   хуызы  æххуыс  сæ  хъæуы нæ сыхæгты.  Ацы  рæстæджы кæрæдзийæн  æххуыс  у  иттæг  нысаниуæгджын.   Æнæнизхъахъхъæды министрадмæ  лæвæрд æрцыд барамынд, цæмæй æрцæттæ кæна  уыцы   æххуыс, цæмæй дæр Гуырдзыстон  бафæраздзæн  сыхагæн  баххуыс кæнын. Бæрæг куыд у афтæмæй,  уый фыццаджы дæр уыдзæн   медицинон   персоналæй  æххуыс, ахæм  куырдиат  фæбæрæг ис  нæ  сыхæгтæй», –  райхъусын кодта  Гахариа.