Гудауры зымæджы  къахдзоныгъон  сезон бæрæгбононæй байгом ис
Гудауры зымæджы къахдзоныгъон сезон бæрæгбононæй байгом ис

Зымæджы къахдзоныгъон сезоны ацы  аз   æххæст   мобилизацигондæй, æххæстæй цæттæйæ  сæмбæлдыстæм, ранæуæггонд  инфраструктурæимæ.  Цæугæ аз уыдис æвзæрст, куыд раззаг  азтæ æмæ паддзахад  нысаниуæгджы   инвестицитæ  сыххæст кодта   зымæджы  курорттыл  туристон  инфратсруктурæйы  райтынг кæнынæн æмæ фæхуыздæрæн –  райхъусын кодта  вице-премьер, экномикæ æмæ æнæфæцудгæ райрæзты  министр Леван  Давиташвили  Гудауры, 2023-2024 азы  зымæджы  сезоны  байгомы  бæрæгбонон церемонийыл.

Леван Давиташвили   йæ  рацыды  Гуырдзыстоны зымæджы курортты  реабилитацийы  æмæ райрæзты нысанæн   уагъд куыстытæн  аргъ скодта  æмæ ацы æрдгæй   фидæны  плантыл  фæныхас кодта. Уый куыд банысан кодта афтæмæй,   фæстаг азты  дæргъы –  2012  азæй  Гуырдзыстоны  хицауад  æмтгæй зæгъгæйæ   хохджын регионты  райрæзт  нысаниуæгджын приоритетæй схуыдта  æмæ хохджын регионты  царды æмвæзы  фæхуыздæрмæ  рад  мадзæлтты сыххæст райдыдта.

Гудауры  улæфджытæн балæггад  кæндзæн   дыууæ ног рæтæн фæндаджы комплекс – 1249 æмæ 1369 мерты лæргъæн, кæцытæн  сæ бон у   1800-2400 бæлццоны аласын сахаты мидæг.  Афтæма  ногдзинад у  къахдзоныгъон   ареалты  æрдгæй;  нырид   уææг трассæтæн арыт уыд   реабилитаци æмæ уыимæ 70 км  дæргъæн трассæмæ бафтаудзысты  6 км дæргъæн  æххæстæй  ног  къахдзонгыъон  ареал. Курортмæ  инфраструктурæйы ранæуæгы процессы фæлгæтты  бафтыдтой   æххæстæй  ног спецтехникæ – митнæмæн  æмæ митцæуæн.  Гудауры  азы  аз афтæдæ  алы рæтæн фæндагыл  сног ис  æнæконтакт  ауадзæн пункттæ, смонтаж ис  ног информацион   монитортæ, курорт   ифтонггонд æрцыд  ног фæндагон æмæ къахдзонгыъон   нысæннтæй æмæ арызт æрцыд ыууæ ног къæхтыбынат.  Нысаниуæгджын у  цæиæй  ацы  сезоныл Гудаурæн уыдзæн  ирвæынгæнджыты ног  бæстыхай.

Гудауры инфраструктурæйы  реабилитацийы  проекты æмтгæй  райсгæйæ  70 млн  ларийы бæрц инвестици  уыд æвæрд.