Гудаури (Поста)-Къобийы хайыл тобæгонд у алы хуызы хæдтулгæты змæлд
Алфæмблайы националон агентады информацимæ гæсгæ, æппæтдунеон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм Мцхета-Степанцъминда-Ларсийы автомагистралыл Гудаури (Поста)-Къобийыы хайыл,зæйы тæссагдзинады æмвæзад у бæрзонд, уый тыххæй дæр амынд секцийыл рæстæгмæ тобæгонд у алы хуызы автотранспортон змæлд.
Фæнысангонды фæдыл информаци Гуырдзыстоны регионалон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министрады автомобилон хæдзарады департамент парахат кæны.
«Алфæмблайы националон агентады информацийæ, Степанцъминда-Ларсийы хайыл змæлд æнæрлæугæйæ сыххæст уыдзæн. Змæлд снысангонд режиммæ гæсгæ, патрулон полицийы комкоммæ цæстдард æмæ координацийы бын сырæздзæн» -ис фыст информацийы.