Уагъд ныссыгъдæггæнæн куыстыты фæстиуæгæн æхсæнадæмн нысаниуæгы Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндаджы Гудаури(Поста)- Къобийы фадыгыл стыр уæзласæн автотранспорты змæлд сног ис. Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны регионон райрæзты æмæ инфраструктурæйы министрады автомобилон фæндæгты департамент.
«Æрдзы националон агентады хъусинагæй, Млета-Гудаурийы æмæ Гудаури(Поста)-Къобийы фадгуытыл атовтранспорты змæлд сæххæст уыдзæн æруромгæ змæлды режимы, Гудаури (Поста)-Кобийы фадыгыл – æрмæстдæр зæййæиргъæвæг тунелы уылты.
Стыр уæзласæн автотранспорты æмæ 30-æй фылдæр бынатджын автобусты змæлд цæудзæн иуфарсонæй. Фæнысангонд режимæй змæлд сæххæст уыдзæн патрулон пъæлицæйы цæстдард æмæ координацигондæй», – банысангонд у автомобилон фæндæгты департаменты информацийы.