Гудаури-Къобийы фадыгыл   стыр уæзласæн автотранспорты змæлд фæдзæхст у
Гудаури-Къобийы фадыгыл стыр уæзласæн автотранспорты змæлд фæдзæхст у

Гуырдзыстоны регионон  райрæзты æмæ инфраструктурæйы  министрады  автомобилон фæндæгты   департаменты  информацийæ, митуарды  тыххæй  æхсæнадæмон  нысаниуæгы  Мцхета-Степанцъминда-Ларсы  автомобилон фæндаджы Гудаури(Поста) -Къобийы  фадыгыл  тобæгонд у   стыр уæзласæн  автотранспорты змæлд.

Афтæма  сæ  хъусинагæй,   фæнысангонд фадыгыл   иннæ  хуызы   автотранспорты  змæлд уæгъд у.

Автомобилон фæндæгты департаменты  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, Млета-Гудауры  æмæ Гудаури(Поста)-Къобийы фадгуытыл  автотранспорты змæлд, æххæст цæудзæн   æнæрлæугæ  режимы, Гудаури(поста)-Къобийы  фадгуытыл – æрмæст  зæййæ иргъæвæг тунелы уылты.

«Фæнысангонд режимæй  змæлд  сæххæст уыдзæн   патрулон пъæлицæйы  цæстдард æмæ координацигондæй», –  хъусын кæнынц уагдоны.