Гудаури-Къобийы  фадыгыл   стыр уæзласæн   автотранспорты змæлд фæдзæхст у
Гудаури-Къобийы фадыгыл стыр уæзласæн автотранспорты змæлд фæдзæхст у

Митуарды тыххæй  æхсæнадæмон нысаниуæгы Мцхета-Степанцъминда-Ларсы  автомобилон фæндаджы  Гудаури(Поста)- Къобийы фадыгыл,  стыр уæзласæн    автотранспорты  змæлд   фæдзæхст у, –  уый фæдыл  информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны регионалон рæзынады æмæ  инфраструктурæйы министрады  автомобилон фæндæгты   департамент.

Уагдоны хъусинагæй,   фæнысангонд  фадыгыл   иннæ  хуызы   автотранспорты  змæлд уæгъд у.

«Æрдзы   националон агентады  хъусинагæй, Гудаури(Поста)- Къобийы фадыгыл, автотранспорты змæлд æххæст цæуы   æнæфæуромгæ режимы æрмæст  заййæиргъавæг тунелты  уылты.   Фæнысангонд  режимæй   змæлд   æххæст цæудзæн    патрулон  пъæлицæйы   цæстдард æмæ координацигондæй», –   банысангонд у   автомобилон фæндæгты  департаменты   информацийы.