Грозныйы рæстдинон аргъуанмæ æртæ цæцæйнаг æмæ иу мæхъæлон балæбурдтой
Грозныйы  рæстдинон аргъуанмæ  æртæ цæцæйнаг æмæ иу мæхъæлон  балæбурдтой

Рауагъдад  Kavkaz Uzel-ы  хъусинагæй,   Грозныйы   æртæ  цæцæйнаг  æмæ  иу   мæхъæлон  аргъуанмæ балæбурдтой.

Журналистты  хъсинагæй,    дзырдæуы  Амир æмæ  Али  Юнусовты тыххæй,   афтæдæр  Микаэль Алисултановыл æмæ мæхъæлон   Ахмед  Цечоевыл. Сæ кар  19 азæй  фылдæр нæу.

«Коммерсанты» информацийæ,    хæцджытæ   аргъуанæй  дарддæр   бырст план кодтой  Цæцæны республикæйы  администрацийы   резиденцимæ.  Ацы  рауагъдадимæ  ныхасы  барадхъахъъхæнæг   оргæнты  минæвар  дзуры,   цæмæй   спецкуыстытæ  бырсты  цæттæйы  процессы  фæдыл 18 майы   базыдтой æмæ   сахары  æдасдзинады   мазæлттæ  фæкарздæр кодтой.

Грозныйы  æрцæугæ  быррсты цæстæйфенджытæ куыд  дзурынц афтæмæй,   бырсджыты  бауромын  бахъом сты  аргъуанмæдзæуджытæ,  кæцытæ  сыл  дуар  сæхгæдтой  æмæ  сын нæ раттой  кувджыты  уацары  скæныны фадат.  Уыдон  бырсджыты  баурæдтой 40 минуты  дæргъы,   цæй фæстæ  дæр бынатмæ  фæзындысты  барадхъахъæнджытæ.

Грозныйы  бырст знон æрцыд. Уый фæстиуæгæн  фæмард дыууæ полициаг æмæ  иу  сабырадон æмбæстаг. Фæцæф  сты ножы  цыппар адæймаг.   Бырстыджыт бынатыл  ликвидаци скодтой  барадхъахъъхæджытæ.