Мæхъæлы протестон акцийы хайадисджыты æмæ барадхъахъхъæнджыты æхсæн быцæудзинад æрцыд [видео]

Мæхъæлы  протестон  акцийы хайадисджыты  æмæ  барадхъахъхъæнджыты æхсæн  быцæудзинад æрцыд.  Митинггæнджытæ  тыхыбын  баисты   фæзы  ныууадзын.  Информацийы   хъусын кæны,  бартыхъахъхъæнæг  организаци «Маршы»  къухдариуæггæнæг  Магомед  Муцологов.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   æхсæвы  æмæ абон сæумæрайсом  хъомысджынтæ   æртæ хатты  бацархайдтой   митинггæнджыты ныссæндын, фæлæ акцийы   хайадисджытæ   сын нæ бакуымдтой.  Муцологовы  дзырдæй, митингы   хайадисджытæ ахицæн кодтой  акци  бауромын æмæ  митинг  фондз  боны фæстæ сног кæнгын.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй Мæхъæлы  протестон  акциз нон райдыдта. Организаторты  дзырдæй,   демонстрацийы  50 000-ы онг   адæймаг истой хайад.   Акци иу бонæй  санкциргонд уыд, фæлæ  митингæнджыты хай  сфæнд кодтой,  Магасы  фæзыл  æнæхъæн æхсæвы дæргъы баззайын.

Демонстранттæ  референдумы фæдыл закъонмæ ивд бахæссыны ныхмæ сты.  ХЪуыддаг æххæссы,  Цæцæны æмæ мæхъæлы  арæнты  æркасты фæдыл   ивгъуыд азы   къухæвæрд   бадзырдмæ,   кæцыимæ бынæттон  разы  не сты.  Акцийыл хъуыстис Мæхъæлы  сæргълæууæгы  куыстуæгъды  фæдыл æркуырдтæ дæр.