Григорий Карасин – НАТО-йы æрдгæй Гуырдзыстонæн æхсæнгарзы алæвæрд фæактивондæр ис
Мæскуы рахатыд НАТО-ы бæстæты æрдгæй Гуырдзыстоны хæстифтонгады фæактивондзинад – уый фæдыл агентад «ТАСС»- имæ интервьюйы Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Григори Карасин загъта.
«Мах уынæм Гуырдзыстоны АИШ-ы æмæ НАТО-йы активизацийы. Цфирæтæ не рхæсдзынæн фæлæ нысаниуæгджынæй фæактивон ис æхсæнгарзы алæвæрд. Уынæм Гуырдзыстоны регулярон гарзджын тыхтæн Вазианийы нырыккон ахуырадон центрæй трансформацийы. Уый нæ фæты æфтауы, мах, Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны нæсыхæгты» – загъта Григорий Карасин.
Æввахс фидæны Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгтæм гæнæн райсты фæдыл фарстæн уырыссаг дипломат ахæм дзуапп ратта: «Цæй ма фæзындтæм банхъæлмæ кæсæм æмæ нæ ныфс ма фесафæм» зæгъгæ.
«Йæхи æрдгæй Уæрæсе адарддæр кæндзæн кусын уый тыххæй, цæмæй регионыæддæ æфсæддон-политикон блоктæ ма баввахс уй нæ арæнтæм æмæ ма сцырын кæной уыцы зындзинæдтæ, кæцытæ æнæуый дæр ис нæ сыхæгты æрдæм» – банысан кодта министры хæдивæг.