Григорий Карасин - Гуырдзыстоны аскуыддзаг кæнинаг у, цы бакæндзæн Анаклиайы портæн, АИШ-ы тон та нæ зæрдæмæ нæ цæуы
Уæрæсейы фæсарæн хъуыдæгты министры хæдивæг Григорий Карасин хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ Уæрæсейы зæрдæмæ нæ цæуы АИШ-ы паддзахадон нымæрдары Майк Помпеойы фæдиуæнты тон АНаклиайы æрфдойнаг порты тыххæй. Уый фæдыл райхъусын кодта радио «Сæрибардзинад».
«Мах интересджын стæм Гуырдзыстонæй, йæ экономикæйæ, социалон, культурон æмæ æндæр сферæты рапарахатæй. Гуырдзыстон хъуамæ аскуыддзаг кæна, цæмæй цы сараза Анаклиайы порты тыххæй Фæлæ уый цыддæриддæр Уæрæсейы æмæ Китайы æрдæм загъдæуыд, æппын нæу уыцы тон, кæцы нæ зæрдæмæ цæуы»- райхуъсын кодта Григорий Карасин 13 июны Паргæйы Гуырдзыстоны премьер-министры минæвар Зураб Абашидзеимæ фембæлды разммæ.
АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео 11 июны Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзеимæ фембæлды фæстæ брифингыл куыд райхъусын кодта афтæмæй, зæгъгæ фембæлды рæстæджы ныфс разагъдта, цæмæй Гуырдзыстон кæронмæ сыххæст кæндзæн порты арæзтады проект.