Мах ацы æвзæрстыты фактонæй фæуæлахиз стæм – уый фæдыл «Националон Змæлды» президенттæм кандидат Григол Вашадзе «Рустави 2»-ы æмæ «Гуырдзиаг БÆллиццы» уагъд эгзитполты фæстиуджытын аргълæвæрды рæстæджы райхъусын кодта.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ ацы уæлахиздзинад уыцы адæмы æнтыст у, кæцы алцыппæт аргъæвдта æмæ оппозицион иугондмæ æрбаиу ис.
«Сæйраг у уый цæмæй мингай адæймагмæ байхъуыстам æмæ Гуырдзыстоны иунæг регион, иунæг хъæу æмæ сахар нæ ныууагъдтам афтæ цæмæй адæмимæ ма аныхас кодтаиккам. Мах сбæлвырд кодтам сегасæй сæйрагдæр цы у уый, Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæнды позитивон ивдтытæ. Адæмы нал хъæуы «Курдули Оцнеба» (Кæрныхты Бæллиццы) хицауад, хъуырмæ сын æссыдис йæ гæдымитæй æмæ йæ хъизæмары камерæтæй. Мах æмæ хицауадон канидадты фадæттæ сбарут кæрæдзиимæ. Уый у медлицинон диагноз. Æнæкæсгæ уымæ, æнæкæсгæ фæмæнг кæнынмæ, æнæкæсгæ массон гæртам раттынмæ, æнæкæсгæ администрацион ресурсмæ, мах сæ абырстам. Фыццаджы дæр та, Рамбылдтам Гуырдзыстоны пайдайæн» – райхъусын кодта Григол Вашадзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ ныр триумфы афон нырма нæу, уымæн æмæ æвзæрстыты официалон фæуды онг нырма бирæ куыст ис.