Змæлд «Дзала Эртобашиа»-ы президенттæм кандидат Григол Вашадзе, «Республикаг Партийы» минæвар Леван Бердзенишвилийæн æнхъары баиу уын. Уый фæдыл Григол Вашадзе социалон хызагы фыссы.
«Æвзарæнон кампанийы æмæ регионты арæх фембæлдты тыххæй, хъыгагæн мын абон нал бантыст дзуапп раттын.
Фæнды мæ зæгъон уын, цæмæй кæддæриддæр уæ нымадмæ истон советтон цæдисы ныхмæлæуджытæй æмæ Гуырдызстоны хæдбардзинадæн хæцæг патриотæй.
Æрцыд баиу уыны афон, цæмæй хицауадмæ æрбацæуа националон коалицион хицауад кæцы иу хатт æнустæм æрфидар кæндзæн политикон конкуренцийы демокративон æгъдæуттæ æмæ срæвдз кæндзæн нæ паддзахады æнтыст æмæ аккаг фидæн» – фыссы Григол Вашадзе «Фейсбукы».