Гремисхевы алфæмбылæйттæй оккупацион режимы минæвæрттæ, Гуырдзыстоны цы дыууæ æмбæстагы аскъæфтой, уыдони нырид сæрибар сты
Душеты муниципалитеты хъæу Гремисхевы Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæртты æнæзакононæй ахст Гуырдзыстоны дыууæ æмбсатаг сæрибар сты æмæ ныр централон хицауады контролгонд территорийыл уæвынц.
Уый тыххæй информаци хъусын кæны паддзахадон æдасдзинады куыст.
«Фæнысангонд уæнгты æнæзаконон æрцахсты моментæй, сæ æнæуæлдайныхасæй ссæрибар кæныны нысанæн, активонæй архайдтам «тæвд хаххæй» афтæма, централон хицауадмæ уæвæг алы механизмтæй. Информаци перманентонæй лæвæрд уыд Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæм æмæ æхсæнадæмон партнертæм. Оккупацигонд регионты æмæ оккупацион хаххы дæргъмæ сæххæст деструктивон архæйдтытыл æххæстæй бæрн æвæрд цæуы Уæрæсейы оккупацион тыхтыл», – хъусын кæнынц ПÆК-ы.
Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ Гремисхевы алфæмбылæйттæй Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстагы знон аскъæфтой.