Грецийы парламент сбæлвырд кодта «Гуырдзыстон æмæ Грецийы æхсæн националон хæдтулгæ скъæрыны барлæвæрдты кæрæдзийæн банымайыны æмæ ивды фæдыл» бадзырд
Грецийы парламент 2025-æм азы 8-æм апрелы фылдæр хъæлæсæппæрстæй сбæлвырд кодта «Гуырдзыстон æмæ эллинаг республикæйы æхсæн националон хæдтулгæ скъæрыны барлæвæрдты кæрæдзийæн банымайыны æмæ ивды фæдыл» бадзырд. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад расидтис.
Æттаг хъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, Греци Евроцæдисы æртыккаг бæстæ у, кæцы Гуырдзыстонимæ аналогион бадзырд бафыста.
Грецийы Гуырдзыстоны уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Леван Беридзе куыд расидтис афтæмæй, Грецийы парламенты уæлдæр банысангонд бадзырды ратификаци ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстон æмæ Грецийы æхсæн активон æмкуыстдзинады бæрзонд æмвæзад æмæ æнгом бастдзинæдтæ.