Горæт Сумымæ Уæрæсейы бырсты фæстиуæгæн, фæмардуæвджыты нымæц сырæзт 11 онг, 89 адæймаг фæцæф сты
Уæрæсейы бабырсты фæстиуæгæн, Украинæйы горæт Сумымæ, фæмардуæвджыты нымæц фæфылдæр ис 11-ы онг. 89 адæймаджы фæцæф сты. Рауагъд “Суспилне” горæты мэры хæстæ æххæстгæнæг Артём Кобзары ныхæстæм гæсгæ хъусын кæны, цæмæй фæмардуæвджыты æхсæн ис дыууæ сывæллоны, цæфты æхсæн та 11.
«Ракетæ Сумыйы 9 уæладзыгон хæдзарыл сæмбæлд. Бынаты ныридæгæн сты æппæт хъæугæ лæггæдтæ, цæуы ирвæзынгæнæн операци. Мæ тæфæрфæс бинонтæн æмæ хæстæджытæн», – фыссы Украинæйы президент Володимир Зеленский Telegram-ы къаналы.
Украинаг медийы хъусинагæй, уæрæсейаг бабырстæй зианбаййафæг 9 уæладзыгон цæрæн хæдзарæй 400-йæ фылдæр адæймаг эвакуацигонд æрцыд.
Уымæй уæлдай ма хæстæг цы æхсæз бирæуæладзыгон хæдзары уыд, уыдоны рудзгуытæ ныппырх сты, цыппар машинæйы та пырхгонд æрцыдысты.
Бынæттон медийы информацийæ, æхсæвы æрæгмæ Уæрæсейы æфсад Сумыйы æрдæм ноджы иу ракетæйон бабырст сарæзта. Бабырсты фæстиуæгæн горæты электроэнерги ахицæн ис.