Google компани HUAWEI-йæн андроиды системæйæ пайда кæнын арæн скодта
Google компани HUAWEI-йæн андроиды  системæйæ пайда кæнын  арæн скодта

Гугл (Google) компани «Хуавейæн» (HUAWEI)андроиды  системæйæ пайда кæнын  арæн скодта.  Регуляцимæ  гæсгæйæ,  «Хуавейы»  ног смартфонты «Гуглы» популярон  уæлæмхасæнтæ  нал  уыдзæн.

«Хуавей» нал пайда кæндзæн «Гуглы»   æдасдзинады  ранæуæгæй  æмæ  техникон   æххуысæй, цыфæнды ног  смартфонæн  нал  уыдзæн ахæм апликацитæ,  цахæмдæр сты «Ютуб» æмæ  картæтæ.

«Хуавейы»  уæвæг  смартфонты пайдагæнджытæн  аплликациты, афтæдæр «Гугл Плейы»  сервситы  ранæуæг кæнын  сæ бон  уызæн, фæлæ  «Гуглы» андроиды ног версийы ахæлиуы   цауы,  «Хуавей»  сæрмагонд  телефонтæ ранæуæг кæнын нал бахъом уыдзæн.  Арæнæвæрдтæ  уый  фæстæ  æрцыдысты  ист,   Трампы  администраци «Хуавейы»  уыцы  компаниты номхыгъдмæ куы бахатста, кæцытимæ америкаг компанитæн базар кæнын бар нал уыдзæн,   цалынмæ сæм лицензи нæ фæзындзæн уæдмæ.

«Гуглы»  фидиуæны дзырдæуы,  цæмæй  арæнвæрдтæ, «Æмбæлон сты бардзырдмæ æмæ компани æркæсдзæн фæстиуджытæм».