Гоча Джавахишвили хъусын кæны, цæмæй  Францы Гуырдзыстоны минæвары постæй йæхи уæгъд кæны
Гоча Джавахишвили хъусын кæны, цæмæй Францы Гуырдзыстоны минæвары постæй йæхи уæгъд кæны

Гоча Джавахишвили хъусын кæны, цæмæй Францы Гуырдзыстоны минæвары постæй  йæхи уæгъд кæны.  Уый тыххæй  Гоча Джавахишвили  ныффыста социалон хызаджы.

Гоча Джавахишвилийы дзырдæй,  зæгъгæ нырид  баздæхтис куыдиатæй къухдариуæгадмæ, йæ постæй æмгъуыдагъоммæ йын фæуромой æххæстбартæ.

« Мæ хъусадæй расайгæ зæрдæхсайд дымгæмæ куы  ныддарон Гуырдзыстоны Европаг  фидæнмæ мæ  ахасты фæдыл, Европæйы бæрæгбоныл  ныхасæй-ныхасмæ фæлхатгæ зæгъдынæн, фарон уыцы уæззау  бонты  æргомзæрдæйæ  цы загтон æмæ  абон дæр актуалонæй æнхъæлын:

«Европæ нæу æрмæст тыгхдад  арæнтимæ.  Европæ у  фыццаджы дæр  аргъдзинæдты  иудзинад.  Европаг та  ацы хæзнатимæ иузрдыгдзинад у.  Гуырдзыстон кæцыйæн æх  службæ кæнын, нæу   нæдæр æрмæст хицауад æмæ нæдæр æрмæст оппозици. Æрмæст адæм, йæ истори, культурæйæ бæрæг у  бæстæйы  ахæм фундаментон мисси, цахæмдæр у йæ  удон  æмæ культурон идентондзинад.

Нæ фыдæлты  фæнд æмæ ныстуан у нæ фыдыбæстæйы европаг фидæн.  Ивгхуыды æмæ фидæн лæмбынæг  бамбаргæйæ Гуырдзыстон иузæрдыг уыдзæн европаг   курсимæ.  Æз ацы къурсæн  службæ кæнын мæ  хъуыддагæй.  Уый у  мæ уырнынад æмæ мæ æмбæстагон позици  дæр.  Абоны онг зæрдæхæларæй  службæ кæнын Гуырдзыстоны европаг хъуыддагæн.  Æндæр нæдæр курс æмбарын æмæ ндæрæ хъуыддаг».

«Уый дæр зæгъдзынæн, цæмæй  мæ уырны, Гуырдзыстон æгъгъæд стыхджын ис йæ национ хæзнаты, сæрибардзинады æмæ хæдбарады  аргъ зонæм.  Гуырдзиаг наци  Уæрæсейæ  уый йас бавзæрста æмæ федта, цæмæй  гуырдзиаг зæхх, никуы уал  уыдзæн зайаг уырыссаг  тауинаг æмæ садзæнтæн.

Уыцы аууæл æмæ  зæрдæйы ахаст , кæцы реинкарнацигонд закъонопроекты тыххæй  нæ  хæлæрттæм æмæ  фæсарæйнаг пратнертимæ ахастыты  фæзындис,иттæг зын кæны сæрмагондæй  мæхи, куыд Францы Республикæйы æмæ  Монакойы Гуырдзыстоны сæрмгаонд æмæ æххстабрджын минæвары мисси. Уый тыххæй  дæр нырид  баздæхтæн куырдиатæй  къухдариуæгадмæ,  æмгъуыдагъоммæ  мын бауромой  мæ  постыл мæ æххæстбартæ.

Афтæма æргомзæрдæйæ зæгъдзынæн, цæмæй  протест æмæ райгонддзинад дæр   æвзæрстытыл хъуамæ  равдисæм.

Фæнды рæдийгæ кæнон, фæсмон нæ  кæндзынæн. Æрмæст мæ намысмæ хъусгæйæ  архайын.  Уый дæр æмбарын, бирæтæн  сæ зæрдæ фæриссын кæндзынæн мæ уынаффæйæ  æмæ уый тыххæй  мæт кæнын.

Фидæны дæр, кæм фæнды дæр уой, кæддæриддæр уыдзынæн Гуырдзыстоны европаг  фидæны фарсхæцæг æмæ  сæрхъызой» – фысса  Гоча Джавахишвили.