Гиорги Мсхиладзе – президент нысанæмрастыл нымайы Национ Банкы советы уæнгтæм ног кандидатты бавдисын, цалынмæ ивд не рцæудзæн 18 сентябры бардзырд æмæ банкы алыварс уаврæ не рараст уыдзæн уæдмæ
Гиорги Мсхиладзе – президент нысанæмрастыл нымайы Национ Банкы советы уæнгтæм ног кандидатты бавдисын, цалынмæ ивд не рцæудзæн 18 сентябры бардзырд æмæ банкы алыварс уаврæ не рараст уыдзæн уæдмæ

Национ Банкы  æртæ  вице-президент æмæ  Национ Банкы  президенты уынаффæгæнæг    знон  сæхи  сæ  куыстбынæттæй  суæгъд кодтой. Бæрæг куыд у афтæмæй, 2023 азы  18  сентябры  бардзырд  Национ Банкы  сæрдары хæстæ  æххæстгæнæг иунæгæй   райста  æмæ  Национ Банкы  советы  уæнгтимæ  не сразы  кодта, –  уый фæдл Гуырдзыстоны  президенты парламентон нымæрдар  Гиорги Мсхиладзе   фехъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй,   зæгъгæ ахæм уавæрты  президент нысанæмрастыл банымадта  ног  кандидатурæты  бавдисын парламентмæ, цалынмæ нæ раирд уыдзæн  фæнысангонд фарста, ивд не рцæудзæн  Национ Банкы  президенты хæстæ æххæстгæнæгы æмбæлгæ бардзырд  æмæ Национ Банкы алыварс уавæр  нæ рараст уыдзæн уæдмæ.

«Федтат, цæмæй  кандидаттæ нæ  уыдысты  комитеты рабадтыл.  Уый  та  нын амоны  сæ сæрмагонд уынаффæйыл.  Афтæма, цы механизмтæ  ис  фæстæмæ  асидынæн, уый тыххæй  деталталонæй нæ дзурдзынæн.   Конституцийы  халыны тыххæй  куы  зæгъæм, уæд конституци халынц фылдæртæ. Конституцийы фыст ис, цæмæй Национ Банк у  йæ  хъуыддаджы   хæдбар æмæ йæ куыстмæ, фæрссагæй, дзырдæй  кæнæ исты формæйæ хифæкæнын  у бынтон нæрайсгæ æмæ æнæруадзгæ», – райхъусын кодта  Гиорги Мсхиладзе.

Фарстыл- «ацух кæниккат æви нæ  цæмæй  кандидаттæ  сæхæдæг   зæгъой  нæй   сæ  постытыл?» – Мсхиладзе   дзуапп кæны: «уый у  иуæй-иу механизм. Национ Банкы  уæнгтæм кандидаттæ сæхæдæг  нæй  куы зæгъой, уæд автоматонæй  нысан кæны, цæмæй фæстæмæ  ахуыдтой сæ кандидатурæтæ».

Гуырдзыстоны Национ Банк Гуырдзыстоны раздæры сæйраг прокурроры, Отар Парцхаладзейæн санкцитæ сææрыны фæдыл  цалдæр боны размæ  информаци айхъусын кодта.   Национ Банкы райхъусын кодтой, цæмæй Гуырдзыстоны  æмбæстагыл  нæй  гæнæн  ахæлиу уа  æхсæнадæмон санкцитæ, кæд гуырдзиаг тæрхондоны  йæ нызхмæ  æмбæлгæ хъуыддагыл  не слæууыд   зылынгæнæг   тæрхоныскъуыд уæд.